05 октября 2021, 12:52
Тускъаты Таймураз Хицауады цæугæ æмбырд сарæзта Кировы районы
Боны фæткмæ хаст æрцыди бюджет куыд æххæстгонд цæуы, уый
Тускъаты Таймураз Хицауады цæугæ æмбырд сарæзта Кировы районы. Боны фæткмæ хаст æрцыди бюджет куыд æххæстгонд цæуы, уый. Ивгъуыд азы æмæ ацы азы фыццаг æмбисы куысты хатдзæгтæн дзуапп радта районы цæстарæн – нымайæн палатæ дæр. Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Ужегаты Алан йе ргом раздæхта бирæ закъонхæлдтытæм. Уый тыххæй финансты министрад фиппаинæгтæ æмæ домæнтæ арвыста районы хицауадмæ. Ужегаты Аланы ныхæстæм гæсгæ сæм уыдон сæ цæст не рдардтой.
темæмæ гæсгæ