филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:17 вторник, 16 декабря 2025
20 апреля 2018, 12:41
Тускъаты Таймураз кусæг балцы æрзылд, республикæйы федералон æмæ паддзахадон программæтæм гæсгæ цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоныл

Æдæппæтæй премьер-министр федта 14 объекты – медицинон кусæнуæттæ, скъолатæ, рæвдауæндæттæ.

Тускъаты Таймураз кусæг балцы æрзылд, республикæйы федералон æмæ паддзахадон программæтæм гæсгæ цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоныл

Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз кусæг балцы æрзылд,
республикæйы федералон æмæ паддзахадон программæтæм гæсгæ цы объекттæ арæзт
цæуынц, уыдоныл. Æдæппæтæй премьер-министрфедта 14 объекты – медицинон кусæнуæттæ, скъолатæ, рæвдауæндæттæ. Сæ
фылдæр хъуамæ сцæттæ уой азы кæронмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты
Дзерассæ.

Тарнизы ныхмæ ног
диспансер æмæ поликлиникæ арæзт цæуынц федералон программæмæ гæсгæ. Ам уыдзæн
10 бæстыхайы. Æххæстгонд цæуынц алыхуызон куыстытæ: тагъд фæуыдзысты корпусты
сæртæ æхгæнын, аразынц æмбæлгæ инфраструктурæ, райдыдтой аивгæнæн куыстытæ
кæнын дæр. Объект хъуамæ сцæттæ уа азы кæронмæ.

Нырыккон уавæртæ фæзындзæн
2 районы рынчындæтты дæр – Алагиры æмæ Рахизфарсы. Бындуронæй сæ цалцæг кæнынц
бæстæйы президенты фонды фæрæзты фæрцы. Беслæны медицинон кусæнуаты базилдзысты
бæстыхайы рахиз хаймæ. Хауынц æмæ хирургон блок, реанимаци, рынчынтæисæн æмæ
сывæллæтты хайæдтæ.

Национ музейы райдыдта
рацарæзты 2-аг къæпхæн. Фарон сцæттæ кодтой иу блок. 3 залы равæрдтой
экспозицитæ. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразæн сарæзтой экскурси. Ацы аз ма
фæуыдзысты 2 секторы. Ууыл схардз кæндзысты 115 милуан сомы. Куыстытæ сæ тæмæны
сты Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы дæр. Рацарæзты фæстæ дзы фæзындзæн фылдæр
кълæстæ. Ног ахуыры аз сывæллæттæ бахиздзысты ног бæстыхаймæ.

Фæпарахатдæр уыдзысты
Уæллаг Санибайы скъолайы уавæртæ дæр. Ам сæйраг корпусмæ ма бафтыдтой
уæлæмхасæн бæстыхай. Ахуыргæнæндоны бынат уыдзæн 200 сывæллонæн. Ныртæккæ дзы
ахуыр кæны 47. Директор радзырдта, бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты æндæр
скъолатæм кæй акодтой. Ис æм, ныр уавæр кæй аивдзæн, уый ныфс.

Республикæйы арæзт цæуы
сывæллæтты 4 рæвдауæндоны: Æрæфы районы поселок Советскийы, Алагиры æмæ 2
Беслæны.

Суададжы та скъолайы
агъоммæ кусæнуат нæма ис. сабитæ цæуынц хъæуы скъолайы цы рæвдауæндон самал
кодтой, уырдæм. Фæлæ домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Тускъаты Таймураз бабар кодта
районы разамындимæ курдиат бацæттæ кæнын, æмæ объект профилон программæмæ
бахæссын. Иу ахæм программæйы фæрцы хъæуы фæзындзæн спортивон зал.

Тускъаты Таймуразы кусæг
балцы пъланы иу объект ма –туристон комплекс Куырттаты комы. Ам уыдзæн 50
номеры. Фысымуат у стыр проекты фыццаг къæпхæн. Йæ аргъ у 450 милуан сомы бæрц.
Уыдонæй 160 аразджытæ райстой паддзахадон æххуысы фæрцы. Иннæ аз фæнд кæнынц
проекты дыккаг къæпхæн æххæст кæнын – аразын лыжæты трассæ. Æдæппæтæй Тускъаты
Таймураз бабæрæг кодта 14 объекты.

Объекттæ арæзт цæуынц
паддзахадон æмæ федералон программæтæм гæсгæ. Сæ фылдæр сцæттæ уыдзысты азы
кæронмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania