филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:58 воскресенье, 19 мая 2024
21 июля 2020, 12:57
Тускъаты Таймураз радон хатт бабæрæг кодта æмæ аргъ скодта, социалон объектты арæзтад куыд цæуы, уымæн

Хохы Санибайы æркасти фельдшерон-акушерон пункты арæзтадмæ. Дзæуджыхъæуы та базонгæ æмæ йæ хъуыдытæ загъта Ирон аръуаны арæзтады тыххæй.

Тускъаты Таймураз радон хатт бабæрæг кодта æмæ аргъ скодта, социалон объектты арæзтад куыд цæуы, уымæн. Хохы Санибайы æркасти фельдшерон-акушерон пункты арæзтадмæ. Дзæуджыхъæуы та базонгæ æмæ йæ хъуыдытæ загъта Ирон аръуаны арæзтады тыххæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.

Ирон аргъуаны къул сног кæнын хъуыди æнæмæнгæй. У 1815-æм азы арæзтад. 200 азмæ, кæй зæгъын æй хъæуы æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал дæтты, конструкцийæн йæ бон у æмæ ныккæла. Уыимæ, тæссаг уавæры сты, аргъуаны территолрийы цы ингæнтæ ис, уыдон дæр. Культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекты реставрацион куыстытæ конд цæуынц Алангйыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы бон бæрæг кæныны фæлгæты. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, ам ахсджиаг у, цæмæй арæзтадæн хъахъхъæд æрцæуа йæ раздæры историон  хуыз. Базилын хъæуы æрмæст аргъуанмæ нæ, фæлæ йæ алыварс территоримæ дæр.

Премьер æркасти æмæ аргъ скодта Къостайыхъæуы скъолайы цы куыстытæ цæуы, уыдонæн дæр. Райдиан скъолайы бæстыхай цалцæг кæнынц бындуронæй. Уæвгæ, скъола арæзт æрцыди 1927-æм азы.  Фæстаг 30 азы ахуыргæнæндоны ацы хай уыди æхгæд. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц сæйраг бæстыхайы дæр.

Куыстытæ райдыдтой ацы азы сæрды райдиан, нысанмæ гæсгæ хъуамæ сцæттæ уа августы астæу. Объект хуымæтæг нæу. Гæнæн ис æмæ аразджытæ уыцы æмгъуыдмæ нæ фæуыдзысты куыст. Тускъаты Таймураз загъта, уымæн æруадзæн нæй.

Бындурон цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Мичуриныхъæуы дæр. Ныридæгæн куыстытæн фесты сæ 90%. Подрядон организаци йæ куыст æххæст кæны æмгъуыдæй раздæр.

Хицауады сæрдар бабæрæг кодта Красногоры сывæллæтты рæвдауæндоны уæлæмхасæн бæстыхайы арæзтад дæр. Уыдзæни ма дзы ноджыдæр 20 бынаты. Абон скъодайы агъоммæй ахуыргæнæндонмæ цæуы 90 хъомылгæнинаджы. Бынæттæ дзы се ппæт сывæллæтты фаг нæй. Ног арæзтад уавæр хъуамæ фæхуыздæр кæна. Уыимæ, фæкъаддæр уыдзæни рад дæр. Ныхасы рæстæг Тускъаты Таймураз бахаста фæндон, цæмæй проект гыццыл ивд æрцæуа. Уый фæрцы сфæстауæрц кæндзысты фæрæзтæ, æмæ ма дз рæвдауæндоны æндæр хъуыддæгтæн дæр баззайдзæн.

Республикæйы æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы фельдшерон-акушерон пунктты арæзтад. Ацы аз ногарæзт æмæ ног цалцæггонд медицинон пункттæ. Æдæппæтæй хъуамæ уой 36. Ацы хатт Тускъаты Таймураз Горæтгæрон æмæ Кировы районты фельдшерон акушерон  пунктты арæзтадон фæзтæ. Сты 8. Гыццыл къуылымпыдзинæдтимæ сæмбæлдысты Хохы Санибайы. Куыстытæ баурæдтой. Хъæуы дзы бæстыхайы бындур цæмæй арæзт уыдзæгни, уыцы æрмæгæй анализ сисын.

Æрыдоны дарддæр цæуы спортивон комплексы арæзтад. Иннæ азы кæрон ам фæзындзæни дыууæуæладзыгон бæстыхай 5 мин квадратон метры фæзуатыл. Йæ территорийы арæзт æрцæудзæни гом спортивон фæзтæ, теннисæй хъазæн корт, мидæгæй та дзы уыдзæни алыхуызон спортæй архайынæн залтæ. Хицауады сæрдарæн загътой куыстытæ афоныл нæ, фæлæ æмгъуыдæй раздæр кæй цæуынц, уый.

Æрвылкъуырион кусæг балцы фæлгæты Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта  Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы 4 районы социалон æгъдауæй ахсджиаг боъектты арæзтад. Премьер куыстыты цыд абарста фаронимæ. 2019-æм азы ацафонмæ бакуыстой æрмæстдæр фæрæзты15%, 2020-æмы та 30%.  йæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у национ проектты æмæ паддзахадон программæты ахадгæ æххуысы фæрцы.

Ахæм инспекци Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, æххуыс у къуылымпыдзинæдтæ раргом кæнынæн, æмæ сыл афоныл бакусынæн. Ахсджиаг у æппæт дзуаппдæттæг оргæнты æмархайд дæр. Ахæм куыст цæудзæни дарддæр дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania