филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:18 суббота, 28 сентября 2024
20 июня 2024, 12:15
Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыд Парламенты Советы уæрæхгонд æмбырд

Депутаттæ æркастысты 2021 æмæ 2022-æм азты республикæ Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районтæн цы бюдджетты фæрæзтæ радих кодта, уыдонæй куыд ахадгæйæ спайда кодтой, уыцы фарстамæ

Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыд Парламенты Советы уæрæхгонд æмбырд. Депутаттæ æркастысты 2021 æмæ 2022-æм азты республикæ Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районтæн цы бюдджетты фæрæзтæ радих кодта, уыдонæй куыд ахадгæйæ спайда кодтой, уыцы фарстамæ. Республикæйы цæстдарæн-нымайæн палатæ цы аипдзинæдтæм бацамыдта, уыдон аиуварс кæныны тыххæй докладимæ раныхас кодтой Мæздæджы районы сæргълæууæг Станислав Никифоров, стæй Горæтгæрон районы сæргълæууæг Есиаты Руслан. Мæздæджы районы активонæй куыст цæуы хъалонты æфтиæгтæ фæфылдæр кæныныл, стæй хъæууон хæдзарады зæххытæй чи пайда кæны, уыцы арендадортæм паддзахадон æххуысы тыххæй информаци хæццæ кæныныл. Хъалонтæй хæстæ чи дары, уыдонимæ та цæуы ведомствæты хсæн æнæрлæугæ куыст.

Парламенты сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъæууонхæдзарадон нысаниуг кæмæн ис, уыцы экономикон модель хъæуы гыццыл æндæр хуызон рацаразын, цæмæй  æнцондæрæй хæццæ кæна хъæуы цæрджытæм. Цæстдарæн-нымайæн палатæйы аудитортæ муниципалон скондты сæргълæуджытæм бахастой фæндон, хъалонты службæимæ æмæ тæрхондæтты пъырыстыфты службæимæ æнгомдæр æмгуыстад кæнын, æмæ афтæмæй хъалонтæй хæстæ фæкъаддæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania