филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:27 воскресенье, 14 декабря 2025
22 мая 2014, 11:08
Тыхджын дымгæ, их æмæ къæвдатæ Мæздæджы районы цы фæстиуджытæм расайдтой, уыдон цæуынц иуварсгонд

Æппæтæй тынгдæр хъыгдард баййæфта Виноградный. Цы куыстытæ дзы конд æрцыд æмæ сæ хæрзхъæддзинад сбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Алексей Мачнев.

Тыхджын дымгæ, их æмæ къæвдатæ Мæздæджы районы цы фæстиуджытæм расайдтой, уыдон цæуынц иуварсгонд
Æппæтæй тынгдæр хъыгдард баййæфта Виноградный. Цы куыстытæ дзы конд æрцыд æмæ сæ хæрзхъæддзинад сбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Æрдзон фыдбылызы аххосæй хъыгдард баййæфтой 200 цæрæн хæдзарæй фылдæр. Бирæтæн, кæм цардаиккой, уый нал уыд.

Хицауады уынаффæмæ гæсгæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты суанг æхсæвыгонд дæр. Арæзтадон æрмæджытæй сæм фæкастысты республикæйы ведомствæтæ. Стыр æххуыс сын бакодтой Кировы æмæ Горæтгæрон районтæ æмæ бынæттон амалхъом адæм. Баластой сын 2 500 шиферæй фылдæр.

Ныртæккæ районы æппæт коммуникацитæ дæр кусынц. Банывыл кодтой газ, дон æмæ электрон тыхдæттæг хызæгтæ. Баивтой бастдзинады телтæ дæр. Алексей Мачнев ма бабæрæг кодта сывæллæтты рæвдауæндон дæр, фембæлд цæрджытимæ. Куыд ын фехъусын кодтой, афтæмæй тынг бузныг сты сæ депутат Геннадий ГугИевæй, зын сахат сæ фарсмæ кæй уыд, уый тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania