филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 вторник, 17 марта 2026
17 февраля 2026, 10:49
Тыхджын дымгæимæ иумæ нæ республикæмæ æрбацыд антициклон

Нæ бæстæйы астæуккаг хайы нырмæ уазæлттæ лæууынц, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ та цин кæнынц уалдзыгон боныхъæдыл

Ацы хатт зымæг æвдисы йæ хивæнд митæ. Тыхджын дымгæимæ иумæ нæ республикæмæ æрбацыд антициклон. Нæ бæстæйы астæуккаг хайы нырмæ уазæлттæ лæууынц, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ та цин кæнынц уалдзыгон боныхъæдыл. Фæстаг дыууæ боны уæлдæфы температурæ схæццæ 22 градусы онг. Фæстаг 10 азмæ ахæм боны ахаст æртхъирæны мæйы нæ уыд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Алы райсом дæр мах эфиры фæзæгъæм боныхъæды бæрæггæнæнтæ.  Кæд цалдæр боны размæ уыдысты 5 градусы хъармæй 7 градусы уазалы онг, уæд знон та фехъуыстаиккат 22 градусы хъарм. Хæххон паддзахадон аграрон университеты хъомылгæнæн таладоны сæргълæууæг Хъазиты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, талаты æртхъирæны мæйы æнахуыр боныхъæд нæ бахъыгдардзæн. Сæрмагонд зылд домынц стыр бæлæстæ.

Цæмæй хъарм бонтæн, стæй та уазал рæстæгæн фæстиуджытæ ма уа, уый тыххæй бæласы хъæдмæ базилын хъæуы специалисты хуымæтæг фæдзæхстмæ гæсгæ.

Хæххон паддзахадон аграрон университеты талатæм зилынц æдзух. Мит сын хъахъхъæны сæ уидæгтæ, кæд 23 градусы хъарм уа, уæддæр не стайдзæн. Цæгат Ирыстоны гидрометцентры куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ Европæйы сæрты цы тыхджын антициклон цыд, уый апарахат ис Уæрæсейы европæйаг хайыл. Боныхъæды ахæм бæрæггæнæнтæ хъыгъд æрцыдысты 10 азмæ фыццаг хатт.  2016 -æм азы æртхъирæны мæйы уæлдæфы температурæ схызт 23 градусмæ. Уымæй уæлдай, республикæйы ацыд тыхджын дымгæ.

Æртхъирæны мæйы дыууæ декадæйы уæлдæфы температурæйы бæрæггæнæнтæ климаты нормæмæ гæсгæ бæрзонддæр уыдысты 1 – 1,5 градусы. Ахæм температурæ адæмæн æмæ талатæн тæссаг нæу. Хъарм бонтæ Дзæуджыхъæуы ахæсдзысты æрмæстдæр цалдæр боны. Æмæ та боныхъæды бæрæггæнæнтæ суыдзысты, климæты нормæмæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania