филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
19 мая 2020, 16:31
Тыхджын тæрккъæвдаты аххосæй фæбæрзонддæр республикæйы цæугæдæтты æмвæзад

Уавæр хынцгæйæ, æрдзхъахъхъæнынады министрад рахаста уынаффæ, цæмæй Ставд-Дуртæм æмæ Хæзныдонмæ арвитой сæрмагонд техникæ былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæм

Тыхджын тæрккъæвдаты аххосæй фæбæрзонддæр республикæйы  цæугæдæтты æмвæзад. Уавæр хынцгæйæ, æрдзхъахъхъæнынады министрад рахаста уынаффæ, цæмæй Ставд-Дуртæм æмæ Хæзныдонмæ арвитой сæрмагонд техникæ былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæм.

Ведомствойы разамонæг Мамиаты Чермен куыд загъта, афтæмæй доны æмвæзад кæй фæуæлдæр, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæ æрбацыдысты алы районæй дæр. Техникæ кусы æхсæвæй бонæй, донивылдæй тæссагдæр цы бынæтты у, уым. Тагъд рæстæг специалисттæ ацæудзысты Камбилеевкæ æмæ Урсдоны былгæрæттыл  кусынмæ. Мамиаты Чермен куыд загъта, афтæмæй уавæрмæ ис цæстдард, курдиæттæм та се ппæтмæ дæр уыдзæнис хицæн æркаст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania