филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:22 пятница, 03 апреля 2026
18 февраля 2013, 11:37
Тыхы структурæты ветерантæн æмæ инвалидтæн баххуыс кæныны тыххæй Дзæуджыхъæуы ацыд хæрзаудæн концерт

Архайдтой дзы ирон эстрадæйы зарæггæнджытæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Концертмæ æрбацыд бирæ адæм. Цы æхцатæ дзы æрæмбырд и, уыдон схардз кæндзысты фæкæсынхъуаг инвалидтыл.

Архайдтой дзы ирон эстрадæйы зарæггæнджытæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Концертмæ æрбацыд бирæ адæм. Цы æхцатæ дзы æрæмбырд и, уыдон схардз кæндзысты фæкæсынхъуаг инвалидтыл. Концерт арæзт æрцыд хæрзаудæн фонд «Цæрыны бар»-ы хъæппæрисæй. Йæ президент Багаты Сослан дæр куыста мидхъуыддæгты министрады структурæты. Архайдта алыхуызон сæрмагонд операциты. 2010-æм азы фæци уæззау цæф. Йæ къæхтыл слæууын кæнынмæ йын баххуыс кодтой зæрдæхæлар адæм. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд 2 орденæй. Хæрзаудæн изæр бацæттæ кæнынмæ йæм фæкастысты хæххон паддзахадон аграрон университеты культурæйы галуаны минæвæрттæ.

Царахаты-Фидараты Иринæ: «Мæнмæ гæсгæ уый тынг хорз хъуыддаг у. Мæнæн мæ гыццыл æфсымæрæн дæр Германийы ныртæккæ операци кæнынц. Тынг бирæ хорз ныхæстæ дзырдтам, мах тыххæй цы хæрзаудæн концерт арæзт æрцыд, уырдæм чи æрбацыд, уыцы адæмæн. Уый тыххæй стыр бузныг стæм æнæхъæн мыггагæй дæр».

Фадзайты Фатимæ, Хæххон паддзахадон аграрон университеты культурæйы галуаны директор: «Фылдæр нæм куыд уа хъæлдзæгдзинæдтæ, кæрæдзийы куыд æмбарæм, афтæ мæ фæнды. Мæн ма фæнды нæ ректоры тыххæй зæгъын. Уый куы фехъуыста, ахæм хорз хъуыддаг кæнынмæ кæй хъавынц, уæд загъта, баххуыс кæнын сын хъæуы, æмæ йын стыр бузныг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania