филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:49 вторник, 16 декабря 2025
10 мая 2018, 12:30
Уæдæ фарæстæм майы бæрæгбонмæ сæхи къаддæр нæ бацæттæ кодтой Æрыдоны районы цæрджытæ дæр

Æмæ хуымæтæджы нæ.

Уæдæ фарæстæм майы бæрæгбонмæ сæхи къаддæр нæ бацæттæ кодтой Æрыдоны районы цæрджытæ дæр
Уæдæ фарæстæм майы бæрæгбонмæ сæхи къаддæр нæ бацæттæ кодтой Æрыдоны районы цæрджытæ дæр. Æмæ хуымæтæджы нæ. Уымæн æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстæ рæстæг ацы районæй сæ фыдыуæзæг бахъахъхъæнынмæ атындзыдтой 4 мин адæймагæй фылдæр. Хъыгагæн, алы дыккаг нал сæмбæлд йæ хæдзарыл. Се ппæты дæр æрымысыдысты номæй-номмæ, æмæ сын радон хатт ныртæккæйы фæлтæры минæвæрттæ сæ сæртæй ныллæг æркуывтой. Æрыдоны Уæлахизы бæрæгбоны мадзæлттæ куыд арæзт æрцыдысты, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Удæгас дидинджытæ æмæ веноктæ æфсымæрон ингæны æмæ Æнусон арты цур. Уый фæстæ минут æдзæмæй алæугæйæ, ныфсхаст хъæбатырты номæй-номмæ æрымысын. Стæй уæд сæйраг мадзал – Уæлахизы Парад. Æрыдоны дзы архайдта дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Кадджын маршы фæстæ горæты центрон уынджы раст рæнхъытæй рацыд æнæмæлгæ полк.
Фæлладуадзæн парчы алкæмæн дæр фадат уыд салдаты кашæй æмæ цайæ ацаходынæн. Бынæттон культурæйы хæдзары та арæзт æрцыд бæрæгбоны концерт.
Уæвгæ, Æрыдоны районæй хæсты рæстæг Советон Æфсады рæнхъыты æрлæууыд 4 мин адæймагæй фылдæр. Йæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлд алы дыккаг. Фæлæ се мзæххонтæ сæ хъæбатырты рох нæ кæнынц.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania