02 июля 2014, 17:15
Уæлахизы 70 азы бонмæ цæттæ кæнгæйæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд республикæйы ветеранты советы президиумы уæрæхгонд æмбырд
Бæстон ныхас цыд Стыр Уæлахизы юбилей сбæрæг кæныныл. Бакусын хъæуы цалдæр ахсджиаг фарстайыл. Фыццаджыдæр баст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты цæрыны уавæртимæ
Уæлахизы 70 азы бонмæ цæттæ кæнгæйæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд республикæйы ветеранты советы президиумы уæрæхгонд æмбырд. Бæстон ныхас цыд Стыр Уæлахизы юбилей сбæрæг кæныныл. Бакусын хъæуы цалдæр ахсджиаг фарстайыл. Фыццаджыдæр баст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты цæрыны уавæртимæ, медицинон æмæ санаторон дзæбæх кæныны хъуыддагимæ, стæй цæрæн-коммуналон лæггæдтæн фиддонтæм цæст дарынимæ. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй стыр æргом здахдзысты, иунæгæй чи цæры, æмæ рынчын чи у, уыцы ацæргæ адæммæ. Ныхас ма цыд фæсивæды патриотон хъомыладыл дæр. Цыртдзæвæнты уавæрмæ та нырæй фæстæмæ цæудзæн бæстондæр цæстдард, загътой ветеранты советы минæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ