филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 вторник, 16 декабря 2025
08 апреля 2014, 17:05
Уæлахизы бонмæ куыд хуыздæр бацæттæ кæнæн ис, ууыл абон ныхас кодтой Уæлахизы 69-æм азмæ цæттæгæнæн организацион комитеты радон æмбырды

Разамынд ын дæтты хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем, йæ уæнгтæ сты Цæгат Ирыстоны ведомствæты æмæ администрациты разамонджытæ, 58-æм æфсады минæвæрттæ,

Уæлахизы бонмæ куыд хуыздæр бацæттæ кæнæн ис, ууыл абон ныхас кодтой Уæлахизы 69-æм азмæ цæттæгæнæн организацион комитеты радон æмбырды
Разамынд ын дæтты хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем, йæ уæнгтæ сты Цæгат Ирыстоны ведомствæты æмæ администрациты разамонджытæ, 58-æм æфсады минæвæрттæ, республикæйы æфсæдон комиссар, Дзæуджыхъæуы кадетты корпусы хицау.

Æмбырды бæстон æрныхас кодтой, 8-æм æмæ 9-æм майы бæрæгбоны мадзæлттæ куыд цæудзысты, ууыл. Куыд снысан кодтой, афтæмæй апрелы кæрон, стæй 3 æмæ 7-æм майы Сабырдзинады проспекты уыдзысты Парады репетицитæ.

Бæрæгбоны рæстæг барадхъахъхъæнæг оргæнтæ кусдзысты сæрмагонд фæткмæ гæсгæ, рад хæсдзысты тагъдæхуысы станцæйы машинæтæ æмæ дохтыртæ. Горæты фæзты æмæ парчы цæудзысты концерттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania