08 мая 2014, 20:17
Уæлахизы боны кадæн бæрæгбоны мадзæлттæ æфсæддон Намысы горæт – Дзæуджыхъæуы райдыдтой 9-æм майы агъоммæ
Абон райсомæй фæстæмæ Намысы Мемориалы æнусон арты цур адæмæй æмызмæлд кæны. Цыртдзæвæны цурмæ хæссынц дидинджытæ æмæ веноктæ. Адæм сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй æрбацыдысты сæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты знаджы ныхмæ тох кодта нæуæдз мин ирон æфсæддоны. Алы дыккаг дæр дзы фæстæмæ нал сыздæхт. Советон Цæдисы хъæбатыртæ систы 70-йæ.
Абон райсомæй фæстæмæ Намысы Мемориалы æнусон арты цур адæмæй æмызмæлд кæны. Цыртдзæвæны цурмæ хæссынц дидинджытæ æмæ веноктæ. Адæм сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй æрбацыдысты сæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты знаджы ныхмæ тох кодта нæуæдз мин ирон æфсæддоны. Алы дыккаг дæр дзы фæстæмæ нал сыздæхт. Советон Цæдисы хъæбатыртæ систы 70-йæ. Æнустæм хæсты быдыры чи баззад, уыдоны номыл минут æдзæмæй алæууыдысты республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз, Парламенты сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады сæрдар Такъоты Сергей, ветерантæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, фæсивæд. Фæстæдæр Намысы Мемориалы равæрдтой æфсæддон хæринæгтæ, каштæ æмæ æфсæддон сæдæ граммы. Салдæтты хæринæгтæй саходын кæй фæндыд, ахæмтæ бирæ уыди. Импровизацигонд сценæйæ та хъуыстысты хæстон зарджытæ. Фæз дзаг уыди кафт æмæ зардæй.
Ногъайты Азæмæт, Дзæуджыхъæуы кадетты корпусы ахуырдзау: «Æрхъуыды кæнæм уыцы хæсты хъæбатырты, хæсты быдырты чи тох кодта, йæхицæн чи нæ тæригъæд кодта. Абон сын æз æппæт кæстæрты номæй зæгъын «бузныг». Сæ хъæбатырдзинады тыххæй, сæ лæгдзинады тыххæй, сæ фыдæбоны тыххæй. Абон махыл рæсугъд бонтæ кæй кæны, уый уыдоны руаджы у. Æмæ сын бузныг».
темæмæ гæсгæ




