Змейкæйы станицæйæ та Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд 1500 адæймаджы. 1000-æй фылдæр дзы фæстæмæ нал сыздæхт. Фæлæ сæ алкæй ном дæр баззад адæмы зæрдæты. Уæлахизы
1941 азы ацы уынгтыл Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ ацыдысты сæдæгай лæппутæ. Фæстæмæй дæр ауылты цыдысты, фæлæ се ппæт нæ…
9-æм майы Змæйкæйы сæйраг уынгыл тырысатæ æмæ хæстонты къамтимæ се мзæххонты кадæн скъоладзаутæ сарæзтой Уæлахизы чысыл парад.
Змæйкæйы станицæйы цæрджытæн Уæлахизы парк у кады, намысы æмæ сомыгæнæн бынат. Ацы хъæуæй хæстмæ ацыдысты 1500 адæймаджы. 1000-æй фылдæр сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Кæцыдæр хæдзæрттæй ацыдысты 5гай, 4гай, 3гай лæппуйы… Бондарь Александр Алексеевич та сси Советон Цæдисы хъæбатыр. Се ппæты нæмттæ дæр фыст сты хъæуы сæ номыл цыртдзæвæныл.
Уæлахизы 69 азы бонмæ хъæуы Уæлахизы парчы кадджын уавæры байгом кодтой цыртдзæвæн Тъехты 3 æфсымæрæн. Змæйкæйы цæрджытæ райсомæй раджы æмбæрд кæнын райдыдтой хъæуы сæйраг фæзмæ. Хæстæр кары адæм кæстæртæн дзырдтой кæй номыл æрбамбырд сты, уыцы лæппуты тыххæй. Уæвгæ, сæ ныр дæр хъæуы хонынц Дадойы фырттæ. Ахæм хорз фæд ныууагътой сæ фæстæ.
Тъехты Владимир, Алыксандр, Савелий (Самси)… 69 азы размæ сæ фыды хæдзары къæсæрыл загътой фæстаг фæндараст сæ ныййарджытæн æмæ ацыдысты хæсты даргъ æмæ агъатыр фæндæгтыл. Иу дæр дзы фæстæмæ нал сыздæхт. Сæ фæстæ нæ ныууагъдтой нæдæр бинонтæ, нæдæр цот.
1942 азы Сталинграды хæстыты фæмард Владимир. Уыцы аз Цæгат Ирыстоны цы тохтæ цыдысты, уыдонæй иуы знаджы нæмыг сæмдæлд Сæмсийыл дæр. Кæм ныгæд ис, уый ныр дæр йæ хæстæджытæ нæ зонынц. Æфсæддон дохтыр Алыксандр йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ фæмард Украинæйы.
Адæмы хсæн ахæм ныхас баззад, зæгъгæ, мæлгæ тæппуд кæны – хъæбатыртæ нæ мылынц! Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæндæгтыл чи цыд, фашисты митæн æвдисæн чи уыд, йæ райгуырæн бæстæ знагæй чи уæгъд кодта – уыдон иууылдæр сты хъæбатыртæ! 70 азы сæрты сæ нæмттæ цæргæйæ кæмæн баззадысты, уыдон рох нæ уыдзысты нæдæр се мгæрттæй, нæдæр кæстæртæй.
Уыдон сты æнусон нæмттæ!
Зыхъуаты Жаннæ




