филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:27 суббота, 16 августа 2025
10 декабря 2013, 16:57
Уæлдæр скъолаты магистрантты хсæн наукон-практикон конференци райдыдта абон Нырыккон гуманитарон академийы

Ахуырады æмæ наукæйы зындзинæдтæ æмæ йæ райрæзт æрыгæтты цæстæй… Уæлдæр скъолаты магистрантты хсæн наукон-практикон конференци райдыдта абон Нырыккон гуманитарон академийы.

Паддзахадон ахуырадон стандарттæм цы ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты, уыдонмæ гæсгæ магистранттæ, æнæмæнг, хъуамæ архайой зонадон конференциты æмæ кæсой сæ докладтæ.

Уый зонгæйæ, нырыккон гуманитарон академийы разамынд сарæзта фыццаг конференци. Уый та уымæн æмæ ацы ахуыргæнæндоны ис æппæтæй фылдæр магистртæ. Уый та у сæйраг домæн.

Зонадон æмбырды сæ докладтæ кæсдзысты 150 магистранты. Конференцийы хатдзæгтæм гæсгæ рацæудзæн сæ докладты æмбырдгонд.

Конференцийы архайджытæн «æгасцуай» загъта Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг æмæ конференцийы организацион комитеты æмсæрдар Хъесаты Станислав.

Дзодзыккаты Эльбрус, Нырыккон Гуманитарон академийы ахуырадон-информацион службæйы разамонæг: «Ацы конференци махмæ арæзт кæй æрцыд, уымæй тынг разы стæм. Бирæ нæм ис магистртæ, кусæм семæ, цæттæ сæ кæнæм. Мах разы стæм ацы хъуыддагæй. Разæнгард кæны хуыздæр кусынмæ, магистртæ дæр тырнынц уæлдæр къæпхæнтæм. Æмæ цæмæй хуыздæр кæной зонадон куыст, ууыл архайдзысты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania