Сæ хæдзæртты сæртæ ивинаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ алы къæвдайы дæр, куыд æддейы, афтæ мидæгæй дæр, тагъди дон.
Куырттаты Комы хистæртæй иу, Дзабраты Ахтемыр сæ хъæуы администрацимæ иу æмæ дыууæ хатты не *рбацыд цæрджыты риссаг фарстаты фæдыл. Куыд зæгъы, афтæмæй æнæ цæстдардæй сæ курдиат никуы баззад.
Дзабраты Ахтемыр, Куырттаты Комы цæрæг: «Исты фарста нæм куы вæййы уæд æз æрбацæуын Валеримæ. Нæ поселочы мидæг фæстаг рæстæг бирæ ивддзинæдтæ æрцыд. Æрмæст хæдзæртты сæртæ кæй баивтой, уый куыд хорз у».
Рæстæгмæ Фыййагдоны арæзтæдтæ, коммуникацитæ заууатмæ рцыдысты. Цы 15 бирæуæладзыгон хæдзары дзы ис, уыдоны сæртæ нал бæззыдысты. Фæстаг фондз азмæ дзы 13 бындуронæй сцалцæг кодтой.
Гуыриаты Валери, Уæллаг Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг: «Ацы аз конд æрцыдысты дыууæ корпусы. Канд сæ сæртæ нæ, фæлæ сæ коммуникацитæ дæр. Нæ котельная ивд æрцыд бакодтой».
Фæстаг сфыстмæ гæсгæ Фиййагдоны бынæттон цæрджыты нымæц у иу мин æхсæз сæдæ авд адæймаджы, фæлæ зындгонд куыд у, афтæмæй сыл сæрды мæйты дзæвгар бафты. Уыцы хъуыддаг хынцгæйæ поселочы администраци кусы фæлладуадзджытæн хорз уавæртæ аразыныл. Ныридæгæн дзы фæзынд, æппæт нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм уазæгдонтæ, стæй сывæллæтты хи ирхæфсæн фæз. Фыййагдоны цæрджытæ сæхæдæг дæр амæлттæ агурынц, æмæ сæ гæнæнтæ фылдæр, уæрæхдæр кæныныл архайынц.
Ацы аз Фыййагдоныл æххæст кæны 50 азы. Йæ цæрджытæй уырны, юбилеймæ се стыр дæр бæллиц кæй сæххæст уыдзæн, æмæ сæм æрдзон газ кæй фæзындзæн, уый.
Поселок 2010 азы нымад æрцыд Ирыстоны хуыздæр хъæуыл. Йæ сæргълæууæг Гуыриаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы ном хæссыныл кусы æмæ сæм фидæнмæ дæр ис фæндтæ.
Гуыриаты Валери, Уæллаг Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг: «Ацы аз дæр та, конкурс уыдзæн æмæ дзы ногæй архайдзыстæм».
Фыййагдоны абоны разамынд иузæрдион у йæ фидæныл, йæ цæрджыты райдзаст цардыл.
Сосранты Жаннæ




