филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:51 среда, 17 декабря 2025
03 мая 2018, 12:57
Уæллаг Ходæй рацæуæг, Дзугкойты Вадим сфæнд кодта йæ райгуырæн хъæуы фермерон хæдзарад саразын

Мин адæймагмæ хæстæг цы хъæуы царди, уым абон цардæн амæлттæ кæнынц æрмæстдæр 3 адæймаджы.

Уæллаг Ходæй рацæуæг, Дзугкойты Вадим сфæнд кодта йæ райгуырæн хъæуы фермерон хæдзарад саразын

Ирыстоны æппæтæй рагондæр æмæ
дæрддзæфдæр хъæу Уæллаг Ход ныртæккæ банымайæн ис æдæзæрæгыл. Мин адæймагмæ
хæстæг цы хъæуы царди, уым абон цардæн амæлттæ кæнынц æрмæстдæр 3 адæймаджы.
Нæй сæм электрон рухс, дон, дукани. Фæлæ сæм æрæджы фæзынд ныфс. Уæллаг Ходæй
рацæуæг, Дзугкойты Вадим сфæнд кодта йæ райгуырæн хъæуы фермерон хæдзарад
саразын, уыимæ та дзы 40 адæймагæн куысты бынæттæ раттын. Куыд æххæстгонд
цæуынц фæндтæ царды, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Мызурæй ма 12 километры хохаг фæндæгтыл æмæ дæ къæхты бын
Уæлладжыры комы сæрвæттæ, дæ сæрмæ та æнæкæрон цъæх арвы гауыз. Ам æрбынат
кодта дæрддзæф æмæ рагондæр хъæутæй иу Уæллаг
Ход. Ам дымгæ раст цыма æнæмæлгæ æнусон
мæсгуытæй нæ рагфыдæлты царды уддзæф раскъæфы, æмæ та сæ мидæг амбæхсы, афтæ
хъазы адæймаджы цымыдис зондимæ.

 

Фæлæ не сфæлдыстадон къорд Уæллаг Ходмæ ссыд, цæмæй базонгæ
уæм йæ нырыккон цардимæ. Кæддæры стыр хъæуы, бон æддæдæр кæнынц æрмæстдæр 3
адæймаджы. Иннæтæ та хуыздæр цардагур фæлыгъдысты быдыры хъæутæм. Ход сси æдзард хъæу. Нæй дзы дукани, нæ дзы
райсдзынæ æндæр социалон лæггæдтæ. Фæлæ уавæр ивы, хъæумæ арæзт æрцыд фæндаг.
Ныхас цæуы электрон рухс бауадзыныл дæр. Фæзынд хъæууон хæдзарады егъау
куыстуат саразыны ныфс.

 

Фермæ 200 стурвосæн у цæттæ, а-дыууæ боны дзы бакæндзысты
дуцгæ хъуыццыты. Уыимæ ма сараздзысты æхсыры куыстгæнæн цех æмæ дзы уæд 40
адæймагæн фæзындзæн куысты бынæттæ. Уыцы фæндтæ царды æххæстгонд цæуынц фарон,
Дзугкойты Вадим куыд фермер, паддзахадæй гранты хуызы цы 10 милуаны 200 мин
сомы райста уыдоны фæрцы.

Дыргъдонæны фыццаг талæтæ дæр сагъд æрцыдысты. Кæд зæхх у
дурджын, уæддæр амалхъом адæймаг зæгъы кæй сæ хъæуы бафæлварын æмæ кæд фæхæцой, уæд фидæны уалдзæг ацы ран уыдзæн дыдинæг калгæ дыргъдон.

1900 метры бæрзæндæн канд дыргъдонæн бындур нæ сæвæрдтой,
фæлæ ма нысан кæнынц, сыбырæй цы нартхоры мыггаг сластой, уый дæр байтауын æмæ
фосы зымæгиуатмæ холлæгтæ æлхæнын нæ хъæудзæн. Бынæттон амалхъом адæймаджы фæнд
у, цæмæй цы хъæуы райгуырд, уым ногæй цард цæдджинагау фыца. Уый тыххæй та
ныронг дæр арæзт æрцдысты вазыгджын фарстатæ.

 

Электрон тых у æппæтæй вазыгджындæр фарста. Уый ныфс дæтты
фидæны рухс цардмæ. Фæлæ цалынмæ проектыл кусынц, уæдмæ та уал фермеры хæдзар
тавы æмæ рухс кæны зæххон хорзæх – Хур.

 

Цы дур не змæлы, дон дæр уый бынмæ нæ кæлы, зæгъы æмбисонд.
Уæллаг Ходы та ис æппæт æрдзон уавæртæ дæр, цæмæй дзы адæймагæн йæ бон архайын
дæр уа, стæй цардæн уавæртæ аразын дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania