филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:35 суббота, 21 сентября 2024
27 ноября 2012, 09:16
Уæллаг Ларсы æрæмбырд бирæ уæзласæн машинæтæ

Адæм æнæ дон æмæ хæринагæй рады лæууынц цалдæргай суткæтæ. Арæнхъахъхъæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæр сæвзæрд, контролон уадзæн пункт йæ куыст зымæгон рæстæгмæ кæй раивта, уый тыххæй.

Адæм æнæ дон æмæ хæринагæй рады лæууынц
цалдæргай суткæтæ. Арæнхъахъхъæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæр
сæвзæрд, контролон

уадзæн пункт йæ куыст зымæгон рæстæгмæ кæй раивта, уый тыххæй. Сæрдыгон
рæстæг машинæтæ уагътой изæры 10 сахатмæ, ныр та æрмæст 7 сахатмæ. Уымæ
гæсгæ сын рæстæг не сфаг вæййы. Сæдæ машинæйæ фылдæр архайынц Уæрæсейы
æмæ Гуырдзыйы арæнтыл ахизыныл, сты Украинæйæ, Сомихæй, Азербайджанæй
æмæ Уæрæсейы алы регионтæй. Рад ныххæццæ суанг Дæллаг Ларсмæ. Шофыртæ
хъаст кæнынц, арæнтæм хæстæг æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уымæй дæр.

Таможняйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй
уавæр сраст кæнынæн хъæуы контролон уадзæн пункты куыст суткæйы дæргъы
скæнын, кæнæ та машинæтæ уадзыны рæстæг фæфылдæр кæнын. Ацы фарстамæ
каст цæуы Уæрæсейы таможняйы æмæ арæнхъахъхъæнджыты управленийы. Куыстмæ
ивддзинæдтæ хаст кæд æрцæудзæн, уый нырма зын зæгъæн у.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania