филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:07 вторник, 19 августа 2025
19 мая 2014, 11:25
Уæллаг Ларсы фæндаг æхгæд уыдзæн 2 къуыримæ хæстæг, цалынмæ йæ не ссыгъдæг кæной уæдмæ

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй сабаты Гуырдзыстоны фæндагыл, таможнямæ хæстæг ламидæттæ кæй рацыдысты, уый аххосæй Терчы æмвæзад фæбæрзонддæр. Тæссаг уавæр сæвзæрын

Уæллаг Ларсы фæндаг æхгæд уыдзæн 2 къуыримæ хæстæг, цалынмæ йæ не ссыгъдæг кæной уæдмæ
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй сабаты Гуырдзыстоны фæндагыл, таможнямæ хæстæг ламидæттæ кæй рацыдысты, уый аххосæй Терчы æмвæзад фæбæрзонддæр. Тæссаг уавæр сæвзæрын кодта Гуырдзыстоны арæнтæм хæстæгдæр хъæуты цæрджытæн. Æнæнхъæлæджы цауты æмæ мидхъуыддæгты министрады, стæй паддзахадон автоинспекцийы куысджытæ æвæстиатæй адæмы сæ цæрæнбынæттæй ракодтой, Дзæуджыхъæуы та сæхгæдтой хидтæ. Редантæй Уæллаг Ларсы онг дæр фæндаг сæхгæдтой. Дарьяны комы цæрджытæй уæлдай ма тæссаг уыд таможняйы æмæ æрæнхъахъхъæнджыты цардæн дæр.

Æнæхъæлæджы цауты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй ныртæккæ Терчы æмвæзад у куыд æмбæлы афтæ, специалисттæ йæм сæ цæст дарынц. Фæлæ Гуырдзыстоны ирвæзынгæнджыты службæ куыд хъусын кæны, æфтæмæй фæндаг æхгæд уыдзæн 2 къуыримæ хæстæг, цалынмæ йæ не ссыгъдæг кæной уæдмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania