филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:31 воскресенье, 27 июля 2025
19 мая 2014, 17:28
Уæллаг Ларсы контролон уадзæн пункт у æхгæд

Сабаты Гуырдзыстоны цы стыр ламидон рацыд, уый æрæхгæдта æфсæддон-гуырдзиаг фæндаг. Уый аххоссæй фæбæрзонддæр Терчы цæугæдоны æмвæзад. Тæссаг уавæр сæвзæрд Дайраны комы хъæуты.

Ныртæккæ дæр Цми, Уæллаг æмæ Дæллаг Ларсы цæрджытæн сæ тарст не рцыд. Ам рад хæссынц сæрмагонд машинæтæ. Се ппæт дæр ифтонг сты хъæргæнæнтæй, цæмæй бахъуаджы сахат адæмæн фехъусын кæной æмæ сæ æдасдæр ранмæ ракæной.

Фæндаг æхгæд уыдзæн, цалынмæ Гуырдзыстоны æдасдзинады мадзæлттæ кæронмæ арæзт не рцæуой, уæдмæ. Уымæн 2 къуырийæ къаддæр нæ бахъæудзæн. Афтæмæй та не `мзæххонтæй бирæтæ сты Гуырдзыстоны.

Ацы адæм Гуырдзыстонмæ ацыдысты фæллад уадзынмæ. Арæнты сæрты ахызтысты ламидоны рацыды хæдразмæ, хъыгдард сæ ничи баййæфта. Абон райсомæй сæ æрбаластой вертолетæй.

Болæтаты Эрик: «Вертолетæй бынмæ куы æркастытстæм, уæд тынг стыр у. куыд æй сæхгæдта, афтæмæй дон йæхицæн бынат куы нæ сардтаид. Зæронд тъунел дзы ис æмæ ууылты цæуы, фæлæ уый куы нæ уыдаид, уæд зын зæгъæн у, Терк йæхæдæг уым æхгæд у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania