Зынгæ фæфылдæр банкоматты нымæц, 100 аппаратæй фылдæр сæвæрдтой горæты алы рæтты, зæрæттæ баивтой ногтæй. Уымæй уæлдай горæты уынгты чи нæ фидыдта, уыдон ист æрцыдысты. Зæгъæм Штыбы фæзы æмæ Центрон универмаджы цур чи уыд, уыдон ахастой æндæр рæттæм.
Зынгæ фæфылдæр банкоматты нымæц, 100 аппаратæй фылдæр сæвæрдтой горæты алы рæтты, зæрæттæ баивтой ногтæй. Уымæй уæлдай горæты уынгты чи нæ фидыдта, уыдон ист æрцыдысты. Зæгъæм Штыбы фæзы æмæ Центрон универмаджы цур чи уыд, уыдон ахастой æндæр рæттæм. Æфснайæн банчы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Роман Романенко куыд зæгъы, афтæмæй ма сæм Ног азы фæнд ис ног уæлæмхасæн офистæ байгом кæнын, уым адæймагæн йæ бон уыдзæн йæхицæн балæггад кæнын. Ноджы ма фæсидт, электрон картæтæй чи пайда кæны, уыцы адæммæ, цæмæй сæ дуканиты фылдæр пайда кæной. Науæд бæрæгбæтты сæрмагонд службæтæ не ййафынц банкоматтæ æхцайæ ифтонг кæнын. Ахæм уавæр сæвзæрд декабры кæрон дæр. Горæты уынгты цы банкоматтæ ис, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты афтид.




