23 июня 2014, 11:18
Уæрæсейы æмæ Бельгийы хъазтмæ футболæй кастысты 40 милуан адæймаджы
Рæстæмбис нымадмæ гæсгæ дунейы чемпионатмæ футболæй, Уæрæсейы æмæ Бельгийы хъазтмæ кастысты 40 милуан адæймаджы. Се хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, Цæгат Ирыстоны футболуарзджытæ дæр.
Рæстæмбис нымадмæ гæсгæ дунейы чемпионатмæ футболæй, Уæрæсейы æмæ Бельгийы хъазтмæ кастысты 40 милуан адæймаджы. Се хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, Цæгат Ирыстоны футболуарзджытæ дæр. Суанг ма уынгтæм дæр рацыдысты. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы фонтанты фæзы сæвæрдтой цалдæр экраны. Уым æрæмбырд 500 адæймагмæ ввахс. Бирæ хæдзæртты кæртыты дæр афтæ. Афтæмæй рахæцынмæ хъавыдысты нæ командæйы фарс. Фæлæ уæлдай тынгдæр сæ зæрдæ дардтой не мзæххон Дзæгъойты Аланыл. Дыккаг таймы йæ иннæ футболисты бæсты куы рауагътой фæзмæ, ууыл цæгатирыстойнаг спортуарзджытæ тынг бацин кодтой. Се ппæты дæр фæндыд нæ командæйы уæлахиз фенын, æмæ æнхъæлмæ кастысты финалы онг. Фæлæ, хъыгагæн, фыдæнхъæл фесты. Нæ командæ фæхæрд 0:1 хыгъдæй. Уый нæ хынцгæйæ ма Уæрæсейы иугонд командæйæн фадат ис къордæй рацæуынæн. Зæрдæ дарæн ис, æмæ сæ радон матчмæ бакæсдзæн фылдæр адæм. Уымæн æмæ ныридæгæн дæр æвдисæн уыдыстæм, цалдæр хъазтæн æнæнхъæлæджы хатдзæгтæ кæй уыди, уымæн.
темæмæ гæсгæ




