филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:03 воскресенье, 12 мая 2024
07 марта 2013, 14:26
Уæрæсейы ахуырады сæрмагонд программæмæ гæсгæ 2016-æм азмæ скъолатæ рацараздзысты, цæмæй инвæлид сывæллæттæн ахуыр кæнын æнцондæр уа

Уымæн ацы аз федералон бюджетæй нæ республикæйæн радих кæндзысты 2 милуан 500 мин сомы. Схардз сæ кæндзысты техникон фæрæзтæ æмæ инклюзивон скъолаты ахуыргæнджыты семинартæн.

Уæрæсейы ахуырады сæрмагонд программæмæ гæсгæ 2016-æм азмæ скъолатæ рацараздзысты, цæмæй инвæлид сывæллæттæн ахуыр кæнын æнцондæр уа. Уымæн ацы аз федералон бюджетæй нæ республикæйæн радих кæндзысты 2 милуан 500 мин сомы. Схардз сæ кæндзысты техникон фæрæзтæ æмæ инклюзивон скъолаты ахуыргæнджыты семинартæн.

Психологон æгъдауæй баулæфыны уат, ахуырады сæрмагонд методикæ, компьютерон кълас. Æрæфы районы байгом, инвæлид-сывæллæттæн хуыздæр ахуыр кæныны фадат чи дæтдзæн, ахæм сæрмагонд фæзуат.

Батоты Тамерлан, Æрæфы районы ахуырады управленийы сæргълæууæг: «Уæхæдæг федтат цас хъуыддæгтæ сарæзтам. Дарддæр дæр 3-æм скъолайы коллектив цæттæ у куыд хъæуы афтæ бакусын рынчын сывæллæттимæ. Цæмæй иннæ сывæллæттимæ æмрæнхъ æрлæууой. Æмæ иумæ бацархайдзыстæм, цæмæй ацы ног хъуыддаг Æрæфы районы рæссæугъдæй рацæуа»

Скъолатæм бацæуæнтæ саразын, кълæстæ техникон фæрæзтæй сифтонг кæнын – у иу фарста. Иннæ фарста та – инвалид-сывæллæттимæ цы ахуыргæнджытæ кусдзысты, уыдонæн сæрмагонд курсытæ саразын. Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы университетты ахуыргæнджытæ Дзæуджыхъæуы сарæзтой сæрмагонд семинартæ. Уый дæр у программæйы иу хай.

Бетрозты Ритæ, РЦИ-Аланийы инвæлидты организацийы сæрдар: «Сывæллæттæн скодтой ахæм уавæртæ, цæмæй сын скъоламæ æрбацæуыны фадат уа æмæ сæ бон уа иннæ скъоладзаутимæ иумæ ахуыр кæнын. Уый стыр хъуыддаг у ныййарджытæн дæр. Сывæллæттæн дæр æнцон уыдзæн, иумæ куы цæуой скъоламæ æмæ сæхиуыл инвæлидтæ зæгъгæ куы куыднæ дызæрдæг кæной».

Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрад зæрдæ æвæры, дарддæр дæр кæй кусдзæн, районты скъолатæ ахæм фæзуаттæй сифтонг кæныныл. Уый тыххæй федералон бюджетæй радих кодтой 2 милуаны æмæ 500 мин сомы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania