филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:35 среда, 25 июня 2025
08 октября 2012, 10:44
Уæрæсейы чемпионаты 11-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» фембæлд Самарæйы командæ «Крылья Советов»-имæ

Командæтæ разындысты æмдых. Хъазт ахицæн 2:2 хъыгъдæй. Нæ командæйы дыууæ голы дæр бакъуырдта Данило Неко. Кæд нæ лæппутæ æвзæр нæ хъазыдысты, уæддæр хъазт куыд ахицæн, уымæй Гæззаты Владимир разы нæу.

Командæтæ разындысты æмдых. Хъазт ахицæн 2:2 хъыгъдæй. Нæ командæйы дыууæ голы дæр бакъуырдта Данило Неко. Кæд нæ лæппутæ æвзæр нæ хъазыдысты, уæддæр хъазт куыд ахицæн, уымæй Гæззаты Владимир разы нæу.

«Алани»-йы футболисттæм пурти уыди арæхдæр, бырстой размæ, уæлдайдæр та фыццаг таймы. Фæлæ рæдийгæ дæр кодтой.

Фыццаг таймы сæхи хорз равдыстой
Маурисиу æмæ Григолашвили. Хъыгагæн, уый бæрц цæттæ нæма сты, цæмæй
дыууæ таймы дæр арæхстджынæй архайой.

«Алани»-йы æрдæгхъахъхъæнæг Дейвидас Шемберасы хъуыдымæ гæсгæ, ацы матчы командæ хъуамæ рамбылдтаид.

Фыццаг таймы уыд цалдæр фадаты голтæ
бакъуырынæн, фæлæ сæ не спайда кодтой. Дыккаг тайм афтæ цæмæн рауад,
хъахъхъæнджытæ цæттæ цæуыннæ уыдысты,ууыл стæй техникон æмæ тактикон
фарстатыл ма цæудзæн бæстон ныхас, фæлæ хъыг у, хъазт ахæм хыгъдæй кæй
ахицæн, уый.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ æмæ «Алани» фæд-фæдыл фæхæрд 6 матчы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania