филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:28 понедельник, 14 июля 2025
05 декабря 2013, 11:06
Уæрæсейы Федерацийы Федералон æмбырды Советы уæнг Тотоонты Алыксандр фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Парламенты исæнуатмæ æрбацыд 70 адæймаджы онг. Сæ фылдæрæн сæ курдиаттæ баст уыдысты социалон фарстатимæ. Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты цæдис «Союз Чернобыля»-йы сæрдар

Парламенты исæнуатмæ æрбацыд 70 адæймаджы онг. Сæ фылдæрæн сæ курдиаттæ баст уыдысты социалон фарстатимæ. Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты цæдис «Союз Чернобыля»-йы сæрдар Людмила Алехина радзырдта егъау атомон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгæнджыты лыггæнинаг фарстаты тыххæй. Чернобылы чи уыд, уыдонæй нæ республикæйы цæры 720 адæймаджы. Иуæй иутæ дзы нæ пайда кæнынц льготæтæй. Æркæсын хъæуы реабилитацийы мадзæлттæм, стæй идæдз сылгоймæгты фиддонтæм. Фарста у ахсджиаг æмæ йæм æркæсын хъæуы Федералон æмвæзадыл. Хъуамæ фидаргонд æрцæуа закъонмæ гæсгæ. Тотоонты Алыксандр сын зæрдæ бавæрдта, фарстамæ кæй æркæсдзысты, уымæй.

Хæсты ветеран Кебекты Мурадины курдиат та уыд, цæмæй сын сенатор баххуыс кæна, сæ хъæу Озрекы культурæйы артдзæсты арæзтадæн. Раст зæгъгæйæ 12 азы размæ бæстыхайы къултæ амалхъом адæймаг Кокойты Хъазыбеджы æххуысæй амад æрцыдысты, фæлæ цалцæггæнæн куыстытæн æхца нæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania