13 октября 2014, 10:56
Уæрæсейы Федерацийы социалон фæдзæхстады цæгатирыстойнаг фонды уыд фембæлд «Афганистаны ветеранты» æппæтуæрæсейон Цæдисы республикон хайады минæвæрттимæ
Фæдзæхстады архайынц, цæмæй льготæтæй чи пайда кæны, уыдонæн Уæрæсейы санаторитæм лæвæрд цæуой путевкæтæ, ацы азæй фæстæмæ æнæниздзинад фидар кæнынмæ æрвыст цæудзысты Хъырымы курорттæм дæр.
Уæрæсейы Федерацийы социалон фæдзæхстады цæгатирыстойнаг фонды уыд фембæлд «Афганистаны ветеранты» æппæтуæрæсейон Цæдисы республикон хайады минæвæрттимæ. Фæдзæхстады архайынц, цæмæй льготæтæй чи пайда кæны, уыдонæн Уæрæсейы санаторитæм лæвæрд цæуой путевкæтæ, ацы азæй фæстæмæ æнæниздзинад фидар кæнынмæ æрвыст цæудзысты Хъырымы курорттæм дæр. Абоны бонмæ уал байуæрстой иу мин путевкæйæ фылдæр. Ацы аз Афганистаны ветерантæй санаториты баулæфдзæн 30 адæймаджы. Уымæй уæлдай сын лæвæрд цæуынц техникон реабилитацион фæрæзтæ дæр – протезтæ, коляскæтæ, æдæппæтæй номхыгъды ис 42 техникон фæрæзы. Стæй æхсæнадон транспорты лæвар цæуынæн талонтæ.
Айларты Зæлинæ, УФ-йы социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайады разамонæг: «Абон сæмбырд кдтам мах Афганистаны чи фæсахъат, льготниктæ кæй хонæм уыдоны, цæмæ сæм цы фарстатæ ис, уыдон мах раз сæвæрой. Мах та архайдзыстæм йæ рæстæджы сын дзупп радтыныл. Сæ хицауадима мах тынг хорз кусæм».
темæмæ гæсгæ




