филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 среда, 17 декабря 2025
06 марта 2018, 12:00
Уæрæсейы гвардийы сæрмагонд нысаниуæджы 383-æм хицæн батальоныл сæххæст 25 азы

Уыцы рæстæгмæ дæлхайад цалдæр хатты ивта, фæлæ йе ‘фсæддон цæттæдзинад кæддæриддæр уыд бæрзонд æмвæзадыл.

Уæрæсейы гвардийы сæрмагонд нысаниуæджы 383-æм хицæн батальоныл сæххæст 25 азы
Уæрæсейы гвардийы сæрмагонд нысаниуæджы 383-æм хицæн батальоныл сæххæст 25 азы. Уыцы рæстæгмæ дæлхайад цалдæр хатты ивта, фæлæ йе ‘фсæддон цæттæдзинад кæддæриддæр уыд бæрзонд æмвæзадыл. Батальонæн йæ бон у архайын хохаг районты æмæ хъæуты. Универсалон салдæттæ цæттæ сты цыфæнды хæс сæххæст кæнынмæ дæр.
Майор Артем ХолОдных йе ‘мкусджытæй хицæн кæнын нæ уарзы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ батальоны иннæ афицертимæ иу рæнхъы лæууы. Уыимæ йе ‘фсæддон хæрзиуджыты ‘хсæн ис майдан «За Отвагу».
Оперативон нысаниуæджы батальоныл 25 азы кæй сæххæст, уый фæдыл æфсæддонтæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй салдæтты æмæ афицерты хæс у, бирæнацион Фыдыбæстæйы æдасдзинад хъахъхъæнын. Æфсæддон хайадæн раарфæ кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ Владимир Пруссаков æмæ Иван Селезнев. Чи фæмард, уыцы салдæтты æмæ афицерты цыртдзæвæны цур дидинджытæ сæвæрдтой. Йæ хæс æххæст кæнгæйæ йæ цард чи радта, уыцы 87 хæстоны ‘хсæн уыд Уæрæсейы Хъæбатыр Вадим Ермаков дæр. Батальоны 200 адæймагæй фылдæр хорзæхгонд сты ордентæй æмæ майдантæй. Архайдтой, терроризмы ныхмæ тох кæныны сæрмагонд операциты Мæхъæлы, Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты. 2004-æм азы уæгъд кодтой Беслæны скъолайы амæттæгты.
Батальоны сгарджыты ротæйы минæвæрттæ сæ фæлтæрддзинад равдыстой уазджытæн. Се ‘хсæн уыдысты скъоладзаутæ, æфсæддон-патриотон клубæй фæсивæд, стæй службæйы ветерантæ.
Салдæтты æмæ афицерты ныры фæлтæр æрвылбон архайы йæ цæттæдзинад хуыздæр кæныныл, цæмæй уæрæсейаг хæцæнгарзы намыс дæлдæр ма ‘руадза, уый тыххæй.
Хъайтмазты Дзерассæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania