05 июня 2014, 17:41
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады уагæвæрдмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпиталы бæстыхæйттæй иу лæвæрд æрцыд аргъуанæн
Революцийы агъоммæ бæстыхай уыд Дзæуджыхъæуы Епархийы бæрны. Арæзт дзы уыд 2 аргъуаны, стæй дзы чи куыста, уыдоны хæдзар; ахуыргæнæн æмæ цæрæнбынæттæ.
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады уагæвæрдмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпиталы бæстыхæйттæй иу лæвæрд æрцыд аргъуанæн.
Революцийы агъоммæ бæстыхай уыд Дзæуджыхъæуы Епархийы бæрны. Арæзт дзы уыд 2 аргъуаны, стæй дзы чи куыста, уыдоны хæдзар; ахуыргæнæн æмæ цæрæнбынæттæ. Фæстæдæр дзы скодтой госпиталы хирургон хайад. Фæлæ дзы бирæ азты нал пайда кæнынц æмæ заууатмæ æрцыд. Бæстыхай цы уавæры ис, уыимæ абон базонгæ Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг архиепископ Зосимæ. Ныр чырыстон дины раздæры бæрнон кусæджы цæрæнуат сцалцæг кæндзысты æмæ йын уыдзæн раздæры нысаниуæг. Йæ рацаразтыл ныронг ахъуыды кодтой специалисттæ.
Магкæты Хъауырбег, Цæгат Ирыстоны проектон институты техникон директор:: «Раздæр куыд уыдис, уыцы къамтæ нæм æрæрвыстой Уæрæсейы алы рæттæй æмæ уыцы къамты куыд сты, уымæ гæсгæ сæ скæндзыстæм. Дур æмæ бетонæй. Хъæдæрмæг дзы цы ис, уыдон айсдзыстæм. Æмæ фыццагдæр куыд уыд, афтæ йæ сараздзыстæм».
темæмæ гæсгæ




