Бæрæгбоны мадзæлттæ уыдысты сæрмагонд 49-æм хицæн бригады. Æрбацæуджытæ куыд загътой, афтæмæй сæ равзæрдæй абоны онг мидæфсæдтæ нымад сты министрады ахсджиагдæр хайыл. Кусынц хорз специалистты бацæттæ кæныныл, хъахъхъæнынц адæмы сабыр цард æмæ сæ бартæ, æхсæнадон æдасдзинад, тох кæнынц терроризм æмæ фыдгæнджытимæ.

Æфсæддонтæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты ветерантæ, республикæйы сæргълæууæджы администрацийы æмæ парламенты минæвæрттæ.
Сæ хорз службæйы тыххæй афицертæн æмæ службæгæнджытæн радтой паддзахадон хæрзиуджытæ, хицауады номæй Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Æфсæддон службæйы рæстæг сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыста, уый тыххæй сержант Хаваж Арцыгов æмæ салдат Александр Бронников УФ-йы президенты указмæ гæсгæ хорзæхгонд æрцыдысты «Хъæбатырдзинады орденæй».