филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 понедельник, 01 июля 2024
14 августа 2014, 12:00
Уæрæсейы ныхмæ экономикон санкцитæ нæ бæстæйы цæрджытыл нæ фæзындзысты

Евроцæдисы бæстæтæ Уæрæсейы ныхмæ цы экономикон санкцитæ сарæзтой, уыдонæй нæ бæстæйы адæмæн тас нæу. Фæсарæйнаг хойрагæн йæ арæнтæ кæй сæхгæдтой, уый фылдæр фадат

73716
Евроцæдисы бæстæтæ Уæрæсейы ныхмæ цы экономикон санкцитæ сарæзтой, уыдонæй нæ бæстæйы адæмæн тас нæу. Фæсарæйнаг хойрагæн йæ арæнтæ кæй сæхгæдтой, уый фылдæр фадат дæтты хъæууон хæдзарады кусджытæн.

Кæд хъæууон хæдзарады кусджытæн ныртæккæ ахсджиаг рæстæг у, уæддæр фермер Дудиаты Уырызмæг йæ куыстуат кæны парахатдæр. Ныртæккæ аразы стыр уазалгæнæн æмæ хойрæгтæн зæххы бын æвæрæн. «Æнæ зындзинæдтæй куыст нæ вæййы» – зæгъы Уырызмæг. Фæлæ фæсарæйнаг бæстæты кæцыдæр товартыл эмбарго кæй сæвæрдтой, уый йæ гыццыл тыхсын кæны. Æмæ цæмæй йæ продукцийы рауагъдыл ма фæзына, ног бæстыхæйтты арæзтад дæр уымæн фæтагъддæр кодта.

Уæрæсейы ныхмæ санкцитæн дзуаппдæтгæйæ, УФ-йы фæсарæйнаг бæстæты товартæ ласынæн бар кæй нал дæтты, ууыл бирæтæ цин кæнынц. Фыццаджыдæр уымæн æмæ хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæн сæ бон уыдзæн сæ продукци бæстæйы алы регионтæм ласын. Фæлæ сæм ис къуылымпыдзинæдтæ дæр.

Дудиаты Уырызмæг кæны дыргъты куыст. Куыд зæгъы, афтæмæй цæмæй республикæйы цæрджытæ, зæгъæм, фæткъуы хъуаг ма уой, уый тыххæй сæ афæдз хъæуы 3 000 тоннæйы. Йæ куыстуаты бон у уымæн йе рдæг уадзын. Уæдæ ма республикæйы ис иннæ куыстуæттæ дæр. Æмбæлгæ уавæртæ сын сараз æмæ сæм гыццыл фæкæс, уæд сæ бон æрмæст республикæ бафсадын нæ уаид, фæлæ ма иннæ регионтæ дæр. «Дыргъæй, растдæр зæгъгæйæ та, фæткъуыйæ дефицит нæ уыдзæн» – зæгъы фермер.

Цæгат Ирыстоны цæрджытæ карчы фыдæй дæр хъуаг нæ уыдзысты. Республикæйы егъаудæр куыстуат, маргъдарæн фабрикæ «Михайловский»-йы æрæджы байгом кодтой ног холлæгтæгæнæн цех æмæ ныр бонмæ продукци уадзы 160 тоннæйы.

Куыстуаты куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ног цехы фæрцы сæ продукцийы рауагъд фæфылдæр. Уымæ гæсгæ айк æмæ дзидза хъуамæ фæасламдæр уой. Уый нæ, фæлæ ма сæ бон у холлæгтæ иннæтæн дæр уæй кæнын. Уыимæ æрмæст маргъдарæн фабриктæн нæ, фæлæ ма, хуытæ чи дары, уыдонæн æмæ кæсаджыкуыстгæнджытæн.

Фабричы хицау Цæлкосты Анатолий куыд æмбарын кæны, афтæмæй санкциты размæ дæр сæ размæ уыд хæс — продукцийы рауагъд фæфылдæр кæнын 3 хатты. Фæфылдæр уыдзæн кусджыты нымæц дæр. 140-ы бæсты уыдзысты 400-ы бæрц. Фæнды сæ æргæвдæн цех саразын дæр. Фæлæ сын æнæ паддзахады æххуысæй уыцы хъуыддаг саразын зын уыдзæн. Кæд сын баххуыс кæной, уæд ног азмæ сæ бон уыдзæн æппæт дуканитæ дæр маргъы фыдæй байдзаг кæнын.

Раппæлыны аккаг у æхсыр æмæ æхсыры продукциуадзæн къабаз дæр. Афтæ æрæджы дæр Агропромышленнон холдинг «Мастер-прайм Березка» цыхт æмæ зетигæнæн Æппæтуæрæсеон наукон-иртасæн институты конкурсы рамбылдта сызгъæрин майдан.

Уæрæсейы фæлхасгæнджыты бафсадын хæрзхъæд æмæ аслам продукцийæ – ахæм хæс ныртæккæ ис æппæт хæдзарæдты раз дæр.

Хи продукци уадзынæн æххуыс уыдзысты, хи цæхæрадæттæ кæмæ ис, уыдон дæр.

Цæмæй сæ бон фылдæр продукци уадзын уа, уый тыххæй та паддзахад фылдæр æргом здахдзæн чысыл æмæ стыр куыстуæттæм.

Зæхкусджытæ сæ зæрдæ дарынц, эмбаргойы `мгъуыд куы фæуа, уæд бынæттой продукцийы рауагъд кæй нæ фæкъаддæр уыдзæн, ууыл.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania