филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:24 вторник, 16 декабря 2025
25 апреля 2018, 12:20
Уæрæсейы парламентаризмы боны агъоммæ Алексей Мачнев фембæлд нæ республикæйы уæлдæр скъолаты юридикон факультетты студенттимæ

Бæстон æрныхас кодтой паддзахадон системæйы бындуртыл.

Уæрæсейы парламентаризмы боны агъоммæ Алексей Мачнев фембæлд нæ республикæйы уæлдæр скъолаты юридикон факультетты студенттимæ.
Бæстон æрныхас кодтой паддзахадон системæйы бындуртыл. Парламенты Спикеры фæндыди базонын фæсивæды зонындзинæдтæ историйæ æмæ закъонæвæрынады барты тыххæй. Уымæй дарддæр сын радзырдта парламентаризмы æмæ демократон æхсæнады ахадындзинады, стæй закъонæвæрынады æмæ æххæстгæнæн хицауады барты тыххæй. Фæстæдæр Парламенты Сæрдар студенттæн сарæзта экскурси хицауады хæдзарыл, равдыста сын æмбырдтæаразæн зал, æмæ загъта, ам кæй рахæссынц республикæйæн ахсджиаг уынаффæтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ 85 регионы хсæн Цæгат Ирыстон ахсы 8-æм бынат, цы закъонæвæрæн хъæппæристæ рахæссынц, уыдоны нымæцмæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania