30 апреля 2014, 17:00
Уæрæсейы парламенты Уæлдæр палатæйы ныхас цыд миграцион политикæйы фарстатыл
Сенатор Хацъæты Олег йе мкусджыты ргом аздæхта нæ бæстæйы хуссайраг арæнты уадзæн пунктты автоматизацийы фарстатæм. Афтæ Уæллаг Ларсы пункты Федералон Миграцион службæйы кусджытæ адæмы хыгъды æвæрынц къухфыстытæм гæсгæ.
Сенатор Хацъæты Олег йе мкусджыты ргом аздæхта нæ бæстæйы хуссайраг арæнты уадзæн пунктты автоматизацийы фарстатæм. Афтæ Уæллаг Ларсы пункты Федералон Миграцион службæйы кусджытæ адæмы хыгъды æвæрынц къухфыстытæм гæсгæ. Ома миграцион картæтæй информаци рафыссынц сæхи къухтæй. Уый та ныддæргъвæтин вæййы, æмæ сын сæ куыст фæстиат кæны. Системæ автоматизацигонд куы рцæуа, уæд та специалисттæ фылдæр кусдзысты сæ сæйраг хæстыл. Миграцион картæты автоматизацийыл хъуамæ бакуса арæнтæ аразæг федералон агентад. Федералон миграцион службæйы разамонæг Константин Ромодановский та загъта, ацы фарстайыл хæстæгдæр рæстæг кæй бакусдзысты, уый.
темæмæ гæсгæ




