26 апреля 2018, 12:01
Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Олег Белавенцевы разамындæй Налцыччы уыд æмбырд
Архайдтой дзы нæ зылды субъектты разамонджытæ, се хсæн Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ нæ республикæйы сæйраг федералон инспектор Андрей Бессонов.
Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Олег Белавенцевы разамындæй Налцыччы уыд æмбырд.
Архайдтой дзы нæ зылды субъектты разамонджытæ, се хсæн Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ нæ республикæйы сæйраг федералон инспектор Андрей Бессонов. Æмбырды ныхас цыд экологон æдасдзинады фарстатыл, æмæ, ацы аз экологийы азыл нымад кæй æрцыд, уымæ гæсгæ цавæр мадзæлттæ сарæзтой, æмæ ма цæуыл бакусын хъæуы, ууыл. Президенты æххæстбарджын минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2017-æм азы нæ бæстæйы хицауад экологон æдасдзинады тыххæй снысан кодта бирæ мадзæлттæ. Уыдонмæ гæсгæ снывыл кæнын хъæуы хауæццæгты куыст, пайда кæнын ног технологитæй, доны æмæ хъæды ресурстæ, стæй цæрæгойты хъахъхъæнын. Уымæй дарддæр экологон зонындзинæдтæ парахат кæнын. Царды цы мадзæлттæ уагътой, уыдоны фæрцы фæхуыздæр нæ регионы экологон уавæр. Фæлæ ма актуалон у хауæццæгты куыст кæныны фарста. Æвæстиатæй лыггæнинаг у доны объектты чъизидзинад дæр, загъта Олег Белавенцев. Æххæстбарджын минæвары хъуыдымæ гæсгæ æппæты ахсджиагдæр фарста у Мызуры æмæ Фыййагдоны здыйы куыстгæнæн раздæры фабрикæты хауæццæгтæ æмбырдгæнæн объекттæ. Йæ раныхасы Битарты Вячеслав загъта, Олег Белавенцевы, Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонины æмæ нæ бæстæйы æрдзон ресурсты æмæ экологийы министр Сергей Донскойы æххуысæй Цæгат Ирыстон хаст æрцыд «Æрдз хъахъхъæныны» паддзахадон программæмæ. Уымæ гæсгæ куынæг кæндзысты, алфамблай æрдзæн зиан чи хæссы, уыцы объекттæ. Карзæй ма лæууы, Дзæуджыхъæуы зды æмæ цинчы хауæццæгтæ кæй æмбырд кæнынц, уый дæр. Нæ республикæйы хицауад райдыдта проектон-сметон документаци аразын, цæмæй объекттæ бахæссой, зианхæссæг бынæтты Паддзахадон реестрмæ. Æмбырды ма загътой, æрвылазон экологон рейтингмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу хаст кæй æрцыд 10 хуыздæр уæрæсейаг горæты хыгъдмæ. Паддзахадон думæйы вице-спикер Ольга Тимофеева ма радзырдта ахсджиаг экологон закъоны проектты тыххæй. Ныртæккæ сыл кусынц депутаттæ.
темæмæ гæсгæ




