филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:32 понедельник, 15 декабря 2025
30 апреля 2014, 17:31
Уæрæсейы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæ бæрæг кæны йæ юбилей

Уæрæсейы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæ бæрæг кæны йæ юбилей. Арæзт æрцыд 1649-æм азы. Уæдæй абонмæ бахъуаджы сахат фыццæгтæ æрбацæуынц, се ххуыс кæм хъæуы, уырдæм. Абон Металлургты галуаны цæгатирыстойнаг зынгхуыссынгæнджыты кадæн уыд бæрæгбон.

365 азы адæмы зынгсирвæзтытæй хъахъхъæнгæйæ. Уæрæсейы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæ бæрæг кæны йæ юбилей. Арæзт æрцыд 1649-æм азы. Уæдæй абонмæ бахъуаджы сахат фыццæгтæ æрбацæуынц, се ххуыс кæм хъæуы, уырдæм. Абон Металлургты галуаны цæгатирыстойнаг зынгхуыссынгæнджыты кадæн уыд бæрæгбон. Арфæ ракæнынмæ сæм æрбацыдысты, æмгуыст кæимæ кæнынц, уыцы структурæты минæвæрттæ, ветерантæ. Се ппæт дæр куыд бафиппайдтой, афтæмæй зынгхуыссынгæнджытæ-ирвæзынгæнджытæ хицæн кæнынц сæ хъæбатырдзинадæй æмæ лæгдзинадæй. Се ппæты номыл хъуыстысты арфæйы ныхæстæ, арæзт сын æрцыд концерт. Хуыздæр зынгхуыссынгæнджытæ та хорзæхгонд æрцыдысты хæрзиуджытæй.

Цопанты Джуда, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы хицауы хæдивæг: «Нæ службæ кадджын уымæй у, æмæ нæм кусынц тынг хорз фæлтæрдджын, специалисттæ. Цыфæнды сахат дæр цæттæ сты адæмы фарсмæ æрбалæууын, алы бон дæр. Кусæм ууыл, цæмæй адæмæн афоныл æххуыс кæнæм. Адæймаджы цардæй зынаргъдæр ницы ис. Æмæ йæ хъахъхъæнæм. Ирвæзын кæнæм æрмæст сæхи нæ, фæлæ ма сæ мулк дæр. Бирæ азты кæй æмбырд кодтой, фыдæбон кæуыл кодтой, уый. Æмæ кæд хорз кусæм, уæд нын, æвæццæгæн, арфæ кæндзысты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania