филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 воскресенье, 15 марта 2026
14 марта 2026, 10:29
Уæлæмхасæн ахуырады хуыздæр педагогтæ сæмбырд сты сывæллæтты сфæлдыстады галуаны

Ам райдыдта профессионалон дæсныйады конкурс «Мæ зæрдæ дæттын сывæллæттæн»-ы регионалон къæпхæн

Уæлæмхасæн ахуырады хуыздæр педагогтæ сæмбырд сты сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Ам райдыдта профессионалон дæсныйады конкурс «Мæ зæрдæ дæттын сывæллæттæн»-ы регионалон къæпхæн. Конкурс æрвылаз баиу кæны сывæллæттимæ алыхуызон сфæлдыстадон иугондты чи архайы, ахæм педагогты. Архайджытæ ныридæгæн бавдыстой сæ ахуырадон прграммæтæ. Фæстæдæр гом уроктæ ратдзысты алыхуызон къабæзтæм гæсгæ. Ацы аз конкурсы архайы 30 ахуыргæнæгæй фылдæр регионы æппæт муниципалитеттæй. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ, сбæрæг кæндзысты уæлахиздзауы. Уый та регионы кад хъахъхъæндзæн æппæтуæрæсеон къæпхæны. Конкурсанттæн арфæйы ныхæстæ загътой ахуырады æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania