филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 21 июня 2025
07 июня 2025, 10:37
Уæлæмхасæн хъахъхъæнæн фæрæзтæ аразынц регионалон фæндаг «Кавказ» – Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы тæссаг уаццæгты

Куыстытæ райдыдтой 2024-æм азы

Уæлæмхасæн хъахъхъæнæн фæрæзтæ аразынц регионалон фæндаг «Кавказ» – Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы тæссаг уаццæгты. Куыстытæ райдыдтой 2024-æм азы. Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй Хурыхъæуы онг фæндаджы хай цæуы Сунжæйаг æфцæджы хъæдыуылты. Геологон хицæндзинæдты тыххæй трассæ рæстæгæй-рæстæгмæ хæрынц ламидæттæ. Ахадынц асфальтон уæлцъары æдасдзинадыл. Специалисттæ иртасæн куыстыты фæстæ рахастой, фæндаджы былгæрæттæ быцæугæнæн конструкцитæй сфидар кæныны уынаффæ. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фæлмæн зæхцъаримæ кусгæйæ ацы хъуыддаг ахæм хуызы æххæст кæнын уæлдай ахадгæ у. Афтæмæй цъасы къултæ не *ркæлдзысты. Дзæуджыхъæу республикæйы дæрддзæфдæр район комкоммæ цы фæндаг бæтты, ууыл ацы куыстытæ æххæст кæнын ахсджиаг у.

Уый фæрцы фидаргонд æрцæудзæн фæндаджы ацы хай, цæмæй дзуапп дæтта техникон домæнтæн. Ам кусы 25 специалисты, техникæйы 15 иуæджы. Фæндаджы былгæрæттæ фидар кæнын аразджытæ райдытой фарон. Хатдзæгтæ ныридæгæн бæрæг сты. Аразджытæ кусынц 2 радæй æхсæвæй-бонæй.

Ацы куыст кæд ног нæу, уæддæр хицæн кæны. Быцæугæнæн къултæ аразгæйæ фæпайда кæнынц монолитон æфсæнбетон конструкцитæй. Ныр та сфæнд кодтой спайда кæнын æндæр технологийæ. Бакуыстой йыл цæгатирыстойнаг специалисттæ.

Фæндаджы 8-километрон уаццаг æрдзы уацары бирæ хæттыты бахауы. Инженерон конструкци арæх нæ фæрæзта ламидæтты æмæ дæргъвæтин тæрккъæвдаты тыхæн. Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæг цы трассæ бæтты, уый дæргъ у 58 километры бæрц. Реконструкцийы æмæ чысыл арæзтады фæстæ йæ байгом кодтой 2021-æм азы мартъийы. Дыууæрæнхъон змæлд 2 хатты фæцыбыр кодта фæндагыл цæуыны рæстæг. Раздæр Мæздæджы районмæ цæуын хъуыд Кæсæг-Балхъары æмæ Мæхъæлы республикæты уылты. Ног фæндаджы къуылымпыдзинæдтæ рабæрæг сты эксплуатацийы рæстæг. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ аххосæгтæ баст сты ацы территорийы геологон хицæндзинæдтимæ.

Фæндаджы былгæрæттæ фидар кæнынц 21-æмæй 29-æм километры онг хицæн уаццагтыл. Куыстытæ сты алыхуызон, къуылдымы уавæрмæ гæсгæ. Трассæ сæдас кæнынæн алы хæйтты хъæуы саразын быцæугæнæн къултæ  мин авдсæдæ фæндзай метры бæрц. Къуылдымтæ фидар кæнын у уæззау процесс. Æххæстгонд цæуы къæпхæнгай. Фыццаг дыууæ фæуын фæнд кæнынц ацы азы кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania