филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 воскресенье, 29 сентября 2024
31 января 2020, 16:17
Уæлахизы 75 азы бонмæ нæ республикæйы сæйраг горæты ацæудзысты сæрмагонд мадзæлттæ

Бæлвырддæр та – æфсæддон намысы цыртдзæвæнты, æфсымæрон ингæнты æмæ æндæр зæрдылдарæн бынæтты цалцæг æмæ аивгæнæн куыстытæ

Уæлахизы 75 азы бонмæ нæ республикæйы сæйраг горæты ацæудзысты сæрмагонд мадзæлттæ, бæлвырддæр та – æфсæддон намысы цыртдзæвæнты, æфсымæрон ингæнты æмæ æндæр зæрдылдарæн бынæтты цалцæг æмæ аивгæнæн куыстытæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан æркасти æмæ аргъ скодта æфсæддон намысы цыртдзæвæнты санитарон æмæ техникон уавæрæн. Фыццаг æмæ сæйраг объект уыдис Намысы Аллейæ. Ныртæккæ дзы цæуынц Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы ингæны алываарс аивгæнæн куыстытæ. Фæндз ддзы кæнынц зындгонд æфсæддоны бæхты фсад сныв кæнын. Йæ автор у Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Ходы Никъала. Уæлахизы фæзы, сæйраг композици – Нымысы Монумент. Гранитæй конд бынатыл та уыдзæни легендарон советон танк «Т-34» æмæ бронзæйæ дыууæ бирæвæрсыг барельефы. Цыртдзæвæн хъæуы ногæй рацаразын. Танк та хъæуы ныссыгъдæг кæнын. Уæлахизы 75 азы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ конд фæуыдзысты 1-æм маймæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania