филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:14 воскресенье, 01 февраля 2026
12 мая 2022, 10:33
Уæлахизы 77 азы кадæн Лескены бындур æвæрд æрцыди æхсæр бæлæсты цæхæрадонæн

Хъæумæ бацæуæны тагъд фæзындзæн стыр номарæн аллейæ

Уæлахизы 77 азы кадæн Лескены бындур æвæрд æрцыди æхсæр бæлæсты цæхæрадонæн. Хъæумæ бацæуæны тагъд фæзындзæн стыр номарæн аллейæ. Зилдзысты йæм хъæуы цæрджытæ сæхæдæг. Ахæм хуызы сæ фæнды, Лескенæй райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ чи ацыди, уыдоны ном сæнусон кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Лескены сæрмæ арвмæ суагътой 740 урс шары. Уал адæймаджы ацы гыццыл хъæуæй ацыди райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Ам хъуыды кæнынц алкæйы дæр. Алкæйы ном дæр сæ у сæрибардзинады æмæ фашизмы ныхмæ символ. Абоны сабыр цард кæй фæрцы ис, уыдоны кадæн хъæумæ бацæуæны фæзындзæн номарæн аллейæ, йæ астæу та сырæздзæн æнæхъæн парк. Ацы бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сау гæххæттытæ исгæйæ, ам сæ хæстæджытæн Лескены цæрджытæй æвæрдтой номарæн къæйдуртæ.

Æрæджыдæр ма территори уыди хæмпæлы бын. Ныр æй ныссыгъдæг кодтой, базылдысты йæм, æмæ дзы тагъд фæзындзæни æхсæр бæлæсты цæхæрадон. «Номарæн аллейæ» арæзт цæуы районы администрацийы хъæппæрисæй. Йæ сæххæст кæнынæн баххуыс кодтой инвестортæ.

Бæлæстæ садзынмæ адæм цæуынц æнæхъæн бинонтæй. Уымæн æмæ алкæйы дæр фæнды хæстонтæн кад скæнын æмæ сын сæ ном сæнусон кæнын.

Фидæны аллейæйы астæу – цыртдзæвæн. Йæ цуры йын Лескены цæрджытæ сæвæрдтой дидинджытæ. Уæлахизы 80 азы бонмæ ма ам фæнд кæнынц ноджыдæр иу мемориал скæнын. Къæйдурыл ныффысдзысты æнустæм зæрдылдаринаг чи у, уыцы хъæбатырты нæмттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania