филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:05 воскресенье, 01 февраля 2026
25 апреля 2023, 11:39
Уæлахизы бон чи хæстæгдæр кодта, уыдоны хсæн уыд Кцойты Петр дæр

Хæтæлдоны цæрджытæ сты сæрыстыр сæ номдзыд æмхъæуккагæй

Æрхæццæ кæны нæ бæстæйы сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Уæлахизы бон. Немыцаг фашистты ныхмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сыстад æппæт Советон Цæдис. Уæлахизы бон чи хæстæгдæр кодта, уыдоны хсæн уыд Кцойты Петр дæр. Хæтæлдоны цæрджытæ сты сæрыстыр сæ номдзыд æмхъæуккагæй. Советон Цæдисы хъæбатыры цардвæндагыл афæлгæст нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

43 азы. Ахæм цыбыр разынд Советон Цæдисы хъæбатыр Кцойты Петры цардвæндаг. Фæлæ цы лæгдзинад равдыста, уый йын йæ ном бирæ азты фæстæ дæр рох кæнын нæ уадзы. Хæтæлдоны цæрджытæ сты сæрыстыр сæ намысджын  æмхъæуккагæй.

Æгкацаты Хъазыбег, Хæтæлдоны цæрæг: «Йæ гыццыл бонтæ арвыста ам, Хæтæлдоны. Скъола сахуыр кодта ам. Куыд фыссынц, куыд зæгъынц, гыццылæй фæстæмæ йæ фæндыд суæвын æфсæддон. Æмæ йæ къухы бафтыд. Сахуыр кодта бирæ уæлдæр скъолаты, Ростовы дæр ахуыр кодта, Ленинграды, Севастополы. Бирæ рæтты. Сахуыр кодта. Политскъола каст фæцис. Афтæмæй райдыдта сабыргай кусын. Хæст куы райдыдта, уæд йæ фыццаг бонæй йæхæдæг ацыд, æмæ йæхи равдыста тынг хъæбатырæй».

Хæсты фыццаг бонтæй Кцойты Петр уыд Сырх æфсады рæнхъыты. Архайдта Смоленскы, Мæскуыйы бын тохты. Уæлдай сгуыхтдзинад равдыста, Польшæ знагæй уæгъдгæнгæйæ. 1945-æм азы, январы Петр разамынд цы полкæн лæвæрдта, уый басаста немыцаг фашистты, ахызт цæугæдон Вислæйы сæрты æмæ бацахста плацдарм. Афтæмæй суæгъд кодта фæндаг дивизийы иннæ хæйттæн. Полк ахадгæйæ архайдта горæт СохАчев уæгъд кæныны дæр.

Æгкацаты Хъазыбег, Хæтæлдоны цæрæг: «Уый фæстæ йын радтой Хъæбатыры ном. Диссаг та цы кæсы? Æрдæбон куыд загътон, афтæмæй райгуырд 1902-æм азы 24 мартъийы, æмæ йын Хъæбатыры ном дæр радтой уыцы бон – 24-æм мартъийы, 45-æм азы».

Хæтæлдоны сæйраг уынг хæссы Кцойты Петры ном. Уæлдай сæрыстыр дзы сты мыггаджы дæр, зæгъы Кцойты Хадзымурат. Йæхæдæг дæр Петры номыл уынджы цæры. Сабийæ йын йæ царды хабæрттæ хъуыста хистæртæй, æмæ сæ ныр дарддæр хæццæ кæны йæхи кæстæртæм.

Кцойты Хадзымурат, Хæтæлдоны цæрæг: «Мыггаджы стыр бынат ахста. Адæм зонынц, цы хъайтардзинад æм уыдис, уый. Мыггаджы хсæн æнæмæнг фидар лæг уыдис».

Хæтæлдоны скъолайы бирæ рæстæг архайдтой, цæмæй ахуыргæнæндонæн дæр лæвæрд æрцæуа Кцойты Петры ном. Æмæ 2019-æм азы ацы хъуыддаг къухы бафтыд. Скъолайы разамонæг Гуытъиаты Зинæидæ куыд зæгъы, афтæмæй сын уый ахсджиаг уыд.

Гуытъиаты Зинæидæ, Кцойты Петры номыл Хæтæлдоны скъолайы разамонæг: «Хъæбатырты хъуамæ зæрондæй гыццылы онг, гыццылæй зæронды онг зоной иууылдæр. Уыдон ферох кæнын нæй. Уыдон цы хъуыддаг равдыстой, цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый рох кæнын нæ хъæуы. Цæмæй сывæллæттæ ахуыр кæной ахæм дæнцæгтыл, æвзæрдзинад сæ сæрмæ ма хæссой, хорздзинад исой ахæм хъæбатыртæй».

Скъолайы æфсæддон намысы залы Петры сурæт ахсы сæйраг бынат. Кцойты мыггаг ахуыргæнæндонæн балæвар кодта, аргъ скæнæн кæмæн нæй, ахæм æрмæг – хъæбатыры дзаумæттæ – йæ хæстон планшет, хуызистытæ, йæхи къухæй фыст фыстæджытæ. Уыдонæй алкæцыйыдæр йæ зындзинæдты кой нæ кодта, фæлæ мæт кодта йæ Фыдыбæстæйы хъысмæтыл. Кæй фæуæлахиз уыдзысты знагыл, ууыл æппындæр нæ дызæрдыг кодта.

Хъыгагæн, бонæй-бонмæ цы Уæлахизмæ тырныдта, уымæ ма иу къахдзæф куы хъуыд, уæд Петры цард аскъуыд.

Уæвгæ, Хæтæлдоны цæрджытæ æххæстæй бафыстой сæ хæс Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ. Хæсты азты чысыл хъæуæй фронтмæ ацыд 200 адæймаджы онг. Сæ фылдæр фæстæмæ нæ сыздæхстысты. Абон уыцы цаутæн æвдисæн чи уыд, уыдонæй удæгас ничиуал ис. Фæлæ сæ нæмттæ æнустæм баззайдзысты хъæуы историйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania