07 мая 2021, 11:54
Уæлахизы боны агъоммæ Мæздæджы районы ветеранты æмæ хæсты архайджыты бабæрæг кодтой республикæйы нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл Министрады
Кæд хæствæллад хистæртыл бирæ азтæ цæуы, уæддæр нæ фæллайынц сæ фронты хабæртты тыххæй дзурын
Зæрдыл дарæм æмæ кад кæнæм. Уæлахизы боны агъоммæ Мæздæджы районы ветеранты æмæ хæсты архайджыты бабæрæг кодтой республикæйы нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл Министрады æмæ бынæттон Хæлардзинады хæдзары кусджытæ. Кæд хæствæллад хистæртыл бирæ азтæ цæуы, уæддæр нæ фæллайынц сæ фронты хабæртты тыххæй дзурын. Уæлдай æхсызгонæй æрымысынц, Уæлахизы залп кæм фехъуыстой, уыцы бон. Уæвгæ, сæ мысинæгтæ стыр хæзнайыл банымайæн ис сæ фæдонтæн. Æхсæнадон кусджытæ арфæйы ныхæстæ загътой фронтовиктæн, æмæ сын сæ зæрдæ загъта фидар æнæниздзинад.
темæмæ гæсгæ