Уыдонæй 7 мин æфсæддонæй фылдæр привикæтæ скодтой дыууæ компонентæй Гам-КОВИД-Вак
Уæлахизы Парады чи архайдзæн, Хуссар æфсæддон зылды ахæм 100 мин службæгæнæгæй фылдæр ацыдысты коронавирусы ныхмæ вакцинаци. Уыдонæй 7 мин æфсæддонæй фылдæр привикæтæ скодтой дыууæ компонентæй Гам-КОВИД-Вак. Уыимæ прививкæ скæнынæн хъæуы фыстæй разыйы дзуапп раттын. Препарат скæныны фæстæ службæгæнджытæм сахаты рдæг сæ цæст дарынц дохтыртæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æмтгæй райсгæйæ, Хуссар æфсæддон зылды территорийы арæзт æрцæудзæн 10 парады. Уыдзысты хъæбатыры горæтты номхæссæг Волгограды, Керчы, Новороссийскы æмæ Севастополы. Уымæй дарддæр ма, æфсæддон зылды штабтæ кæм æрбынат кодтой, ахæм горæтты. Уыдон та сты: Ростов, Новочеркасск, Стъарапол, Дзæуджыхъæу, Симферополь æмæ Каспийск.




