филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
18 августа 2020, 12:02
Уæлдай къæрцъхъусдæр уæвынмæ сидынц фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ

Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты рацыдысты радон рейды

Уæлдай къæрцъхъусдæр уæвынмæ сидынц фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты рацыдысты радон рейды. Бæрæг кодтой, æппæтæй фылдæр кæм вæййы машинæтæ, уыцы уынгтæ. Сæ размæ уыд, нозтджын шофырты бæрæг кæныны хæс. Уымæн æмæ статистикæйы бæрæггæнæнтæ хорзыл банымайæн зын у. Ацы азы 7 мæймæ æрцыд нозтджын шофырты аххосæй æрцыд 51 фæндаггон фыдбылызы. Уыдоны фæмард 11 адæймаджы, 80-йæ та фесты алыхуызон цæфтæ. Рейды рæстæг инспектортæ урæдтой машинæты хицæутты. Уый фæстæ сын æмбарын кодтой, тестытæ куыд дæттын хъæуы, уый. Шофыртæн сæ фылдæр ахæм рейдты ныхмæ не сты. Уымæн æмæ йæ мбарынц, куыд ахсджиаг хъуыддаг у, уый. Шофырты культурæ та аразгæ у профилактикон мадзæлттæй дæр. Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспектортæ куыд загътой, афтæмæй ахæм рейдтæ арæзт цæудзысты æппынæдзухдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania