Фæлæ æдасдзинады домæнтæ хæлд куы фæцæуынц, уæд ахæм хъуыддæгтæм цæрджытæ куыдфæндыйы цæстæй нæ фæкæсынц
Уæллаг Фыййагдоны ахуыр сты, поселочы бирæ арæзтæдтæ кæй цæуы, ууыл. Фæлæ æдасдзинады домæнтæ хæлд куы фæцæуынц, уæд ахæм хъуыддæгтæм цæрджытæ куыдфæндыйы цæстæй нæ фæкæсынц. Иуæй-иу уаццагтыл арæзтад, гæнæн ис, æмæ расайа ламидæтты зæйтæ рацæуынæй. Ныр дæр та сæвзæрд ахæм уавæр. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Æвзæр боныхъæды рæстæг дæр ам ис, цæмæ бакæсай, уый. Хæхты цъуппытæ ныгъуылынц мигъты, чысыл поселок та йæ ирд хæдзæрттимæ зыны куыд армытъæпæныл, афтæ. Фæлæ фæстæмæ афæлгæсгæйæ, рæсугъддзинад ферох вæййы. Алыварс фæлмæн мæр, фæлдæхт бæлæстæ. Ацы обау хæцы æрмæст кæрдæджы уидæгты системæйы фæрцы. Дуртæ дзы стæм ис. Уæллаг Фыййагдоны цæрджытæ бирæ арæзтæдтæ кæй цæуы, ууыл рагæй сахуыр сты. Фæлæ сæ æрмæст тасы чи æфтауы, уыдоныл нæ. Чи æмæ цы аразы, уый ахсджиаг нæу, зæгъынц адæм. Сæйрагдæр у, цавæр фæстиуджытæм расайдзæн, æмæ æвирхъау цау куы æрцæуа, уæд цы кæнгæ у, уый.
Уæвгæ, адæмы мæт хуымæтæджы нæу. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ам лæбырдтытæ никуы уыд, æмæ гæнæн нæй, цæмæй уой, ламидæттæй та, æцæгдæр, тæссаг у.
Ламидæтты зæй ацы хохæй рацыд суанг 2002-æм азы. Уæд æрæмбæрзта цалдæр цæхæрадоны æмæ сывæллæтты санаторийы кæрты хай. 2005-æм азы та поселокыл æрцыд ног зæйы цæф. Ахæм цау нал æрцæудзæн, уый фидарæй зæгъæн нæй. Уæлдайдæр та ныртæккæ обау арæзтадон куыстыты тыххæй кæй хæлы, уый хынцгæйæ.
Алагиры районы администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй ацы уаццагыл ис зæххы куыстытæ кæнын, арæзтадон та – нæ. Уый тыххæй мониторингы фæстæ зæххы хæйтты хицæуттæн фехъусын кодтой.
Арæзтад дарддæр æххæстгонд куы цæуа, уæд хъуыддаг лæвæрд æрцæудзæн тæрхондонмæ.




