филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 суббота, 28 сентября 2024
06 июля 2021, 12:11
Уæллаг Фыййагдоны фæцис проект «Стоматологон æнæниздзинад»

Йæ нысан у, республикæйы дæрддзæф хъæуты цæрджытæн, фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн лæвар стоматологон æххуыс кæнын

Уæллаг Фыййагдоны фæцис проект «Стоматологон æнæниздзинад». Йæ нысан у, республикæйы дæрддзæф хъæуты цæрджытæн, фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн лæвар стоматологон æххуыс кæнын. Дзæбæх кæныны лæггæдты хыгъд у уæрæх. Ирыстойнаг дохтырты проект 2019-æм азы фæуæлахиз форум «Машук»-ы. Грантты æххуысæй фæсивæд балхæдтой кусæнгæрзтæ æмæ цæуын райдыдтой республикæйы дæрддзæф рæттæм. Хæхты цæрджытæн балæггад кæнынмæ се ххуысы къух бадардтой 200 студенты, ординатортæ, стоматолог-хирургтæ æмæ терапевттæ. Волонтертæ æрмæст дзæбæх нæ кæнынц, фæлæ амонынц дæндæгтæм раст куыд зилын хъæуы, цæмæй фылдæры фаг уой, уый тыххæй. «Стоматологон æнæниздзинад»-ы волонтертæ æртæ азмæ æркастысты Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты 3 мин цæрæгмæ, æмæ балæггад кодтой 800 адæймагæн.  Проект саразджытæ фæнд кæнынц географи фæуæрæхдæр кæнын, нырма уал республикæйы, уый фæстæ та – Цæгат Кавказы дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania