филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:24 воскресенье, 01 февраля 2026
20 июля 2022, 10:54
Уæллаг Фыййагдоны хистæртæй иу Дзабраты Ахтемыр бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей

Кад ын кæнынц æппæт Куырттаты комы

Уæллаг Фыййагдоны хистæртæй иу Дзабраты Ахтемыр бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей. Кад ын кæнынц æппæт Куырттаты комы. Фæллойы ветеран бирæ азты фæкуыста шахтæйы. Ацы бонты исы бирæ зæрдиаг арфæтæ, уыимæ не сфæлдыстадон къордæй дæр. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Уæллаг уæладзыгмæ уæнгрогæй. 90 аздзыд Дзабраты Ахтемыр æрыгæттæй дæлдæр нæ лæууы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сахуыр ис хæдзары куыстытæ кæнын, æмæ æнæ уымæй фæразгæ дæр нал кæны. Бинонты хъуыддаг куы бакодта, уæд ын Хидыхъусы радтой фатер. Советон Цæдисы дуджы шахтæйы кусджыты цæрæнуæттæй ифтонг кæнын уыди æнæмæнг. Йæ бинойнагимæ дзы фæцарди бирæ азты. Хуызистыты альбомы рагон цауты æвдисæнтæ. Ахтемыр куыд зæгъы, афтæмæй уыцы рæстæджыты кæд цард бынтон æнцон нæ уыди, уæддæр цымыдисаг цаутæй уыди хъæздыг. Æрвылбоны кусгæ бонтæй уæлдай, йе фсæддон цардæй ист хуызистытæ. Фæлæ уый, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты. Хæсты райдиан Ахтемыры æрыййæфта 9 аздзыдæй. Лæппу фронты фæсчъылдым фæллой кодта хистæрты æмрæнхъ. Куы фæхистæр ис, уæд æм фæсидтысты æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Азербайджаны, йæ кадджын хæрзиуджытæ абон дæр хъахъхъæны цæстыгагуыйау.

Царды уæззау азтæ йæхиуыл банкъаргæйæ, уæддæр йæ удыхъæд æмæ миддуне нæ фæцудыдтой. Ахтемыр раздæрау у зæрдæхæлар, алы хъуыддаджы дæр цыдæр хорздзинад чи ссардзæн, ахæм. Дзабраты Ахтемыр у Куырттаты комы хистæр цæрджытæй иу. Йæ райгуырæн Фыййагдоны йын ис стыр кад æмæ намыс.

Ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ чъирийæ хуыцаумæ скувын. Юбилейы фæдыл бæрæгбонмæ сæмбырд сты æрмæст йæ хæстæджытæ нæ, фæлæ йæ чи зоны, уыдон. Ахтемыры чызджытæй иу зæгъы, сæ фыд бинонты хсæн æгъдауыл хæцæг кæй уыди, уый. Карз, фæлæ уыцы иу рæстæг рæстзæрдæ æмæ цæстуарзон адæймаг. Уымæ гæсгæ, абоны онг, уынаффæ бацагурыны тыххæй æрбацæуынц сæ хистæрмæ.

Йæ бинонтæ æмæ хиуæттæн ныфсы хос, йæ алыварс адæмæн – фæзминаг. Ахтемыр йæ 90 азы сæрты акæсгæйæ ныр дæр у цардбæллон. Активон цардмæ та йæ разæнгард кæнынц йæ кæстæртæ æмæ уыдоны цот.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania