филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:21 воскресенье, 28 апреля 2024
04 апреля 2023, 11:03
Уæллаг Фыййагдоны пульмонологон центр ифтонггонд æрцыд нырыккон кусæнгæрзтæй

Фæлæ бæстыхæйттæ сты бындуронæй базилинаг

Уæллаг Фыййагдоны пульмонологон центр ифтонггонд æрцыд нырыккон кусæнгæрзтæй. Фæлæ бæстыхæйттæ сты бындуронæй базилинаг. Уый фæдыл амынддзинæдтæ ныридæгæн лæвæрд æрцыдысты, проектон-сметон документаци дæр цæттæ. Проект сæххæст кæнынæн радих кодтой 15 милуан сомы. Хъæуы ма банхъæлмæ кæсын, 2024-25-æм азты федералон программæмæ хаст кæд æрцæудзæн, уымæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Пульмонологон æххуысы республикон центры пациенткæ нырыккон аппараты фæрцы бæстон иртасæн куыст скодта йæ рæуджытæн. Ахæм аппараттæ Цæгат Кавказы ис æрмæстдæр дыууæ.

Ног кусæнгæрзтæ дохтыртæ райстой ивгъуыд азы райдиан. Фæлæ сæ цы бæстыхæйтты сæвæрдтой, уыдон нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. 2021-æм азы августы хаст æрцыд уынаффæ, пульмонологон центр федералон инвестицион программæмæ бахæссыны тыххæй. Проектыл бакусынæн радих кодтой 15 милуан сомы.

Зæронд пъолтæ, къултæ згъæлынц. Афтæмæй нырыккон кусæнгæрзтæ æвæрд æрцыдысты цалцæггæнинаг бæстыхæйтты. Уæвгæ, рынчындонæн бындур æвæрд куы рцыд, уæдæй нырмæ дзы егъау рацарæзты куыстытæ никуы цыдысты. Рог цалцæг та ницыуал дæтты. Коридоры зæронд пъолтæ, ам арæх чи вæййы, уыцы пациенттæ хорз зонынц. Фæлæ сæ уыцы зындзинæдтæ айрох вæййынц, фæлтæрдджын дохтырты узæлды фæрцы.

Пульмонологон æххуысы центры ис 110 бынаты. Фæрæзты егъау хай ацæуы бæстыхай хъарм кæныныл.

Газы кусæнгæрзты фæрцы бантыст фæрæзтæ фæстауæрц кæнын. Уыдонæй хайгай сцалцæг кодтой палатæтæ. Уый, цалынмæ егъау рацарæзтмæ æнхъæлмæ кæсынц, уæдмæ.

Пульмонологон центр кусы афæдзы алы афон дæр. Хатгай иу бонмæ суазæг кæнынц суанг 17 пациенты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania