филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:28 суббота, 31 января 2026
28 августа 2025, 10:34
Уæллаг Фыййагдоны райдыдтой ахуырадон-тренировкæтæгæнæн æмбырдтæ туристон актив «Уæрæсейы æвзонгдзинадæн»

Нæ бæстæйы алы регионтæй студенттæ æрбынат кодтой палаткæты лагеры

Уæллаг Фыййагдоны райдыдтой ахуырадон-тренировкæтæгæнæн æмбырдтæ туристон актив «Уæрæсейы æвзонгдзинадæн». Нæ бæстæйы алы регионтæй студенттæ æрбынат кодтой палаткæты лагеры. Кадджын æмбырд байгом кодта Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Мариинаг театры филиалы солист Тайсауты Олег. Ахуырадон-тренировкæтæгæнæн æмбырдтæ байгом кæнынæн командæ радта сæ хицау – спортивон туризмы хистæр инструктор, 3-æм категорийы спортивон тæрхонгæнæг, Уæрæсейы Федерацийы иумæйаг ахуырады кадджын кусæг Илья Панов. Паддзахадон тырыса сисыны бар лæвæрд æрцыд нæ бæстæйы æппæтæй дæрддзæфдæр регионы командæйы разамоæнг – Республикæ Марий Элы уæлæмхасæн ахуырады Центры педагог, бæлццон Сергей Бирюковæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania