Æдæппæтæй 80 сывæллоны онг
Уæллаг Фыййагдоны скъолайы райдыдта ирон æвзаг æмæ литературæйæ олимпиадæйы скъолаты хсæн къæпхæн. Архайынц дзы 3-æй – 11 кълæсты онг ахуырдзаутæ. Æдæппæтæй 80 сывæллоны онг. 2023-æм азы ацы олимпиадæ бахастой, Уæрæсейы адæмты мадæлон æвзагæй олимпиадæты федералон хыгъдмæ. Мадзал кадджын уавæры байгом кодтой скъолайы актон залы. Райдианы сывæллæттæ азарыдысты Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæ. Олимпиадæйы тестытæ, домæнтæ æмæ бæрæггæнæнтæ æвæрыны методикæтыл бакуыста сæрмагонд къамис. Йæ хыгъды – ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ахуыргæнджытæ æмæ методисттæ, стæй паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ. Скъолайы этапы уæлахиздзаутæ рахиздзысты муниципалон къæпхæнмæ, уый фæстæ та хуыздæртæ сæ зонындзинæдтæ сбæлвырд кæндзысты республикæйы æмвæзадыл.




