филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:07 пятница, 19 июня 2026
24 марта 2026, 10:35
«Уæллаг Ларс»-ы арæнты сæрты ахизынмæ рады лæууы транспорты 2 мин иуæджы

Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди аппаратон æмбырды

«Уæллаг Ларс»-ы арæнты сæрты ахизынмæ рады лæууы транспорты 2 мин иуæджы. Уыдонæй электрон хуызы æнхъæлмæ кæсы 1664 машинæйы.Республикæйы эпидемиологон уавæр у рæстæмбис. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди аппаратон æмбырды. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд фехъуссын кодта, афтæмæй 1-æм апрелы райдайдзæн сывæллæтты фыццаг къласмæ исыны тыххæй курдиæттæ дæттыны процедурæ. Сергей Меняйло бахæс кодта, сæрдыгон фæллæдауадзæн-дзæбæхгæнæн кампанимæ æмбæлгæ æмвæзадыл бацæттæ кæнын. Фыццаджыдæр спайда кæнын хъæуы льготæтæй. Ам ныхас цæуы, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонты, стæй се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттыл. Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло бабар кодта, акци «Посмотри на их лица» – мæ рагацау райдайын цæттæ кæнын, цæмæй та дзы ивгъуыд азты къуылымпыдзинæдтæ ма уа. Акци хъуамæ уа лæвар. Баннертæн радих кæнын хъæуы фаг бынæттæ. Уыцы хæс сæргълæууæг радта районты разамонджытæн дæр. æмбырды рæстæг, республикæйы сæргълæууæг бæлвырд хæстæ сæвæрдта æххæстгæнæн æмæ муниципалон хицаудзинады оргæнты цур, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæныны тыххæй. Ныхас цыди хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ цæттæ кæнын райдайыныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania