филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:18 вторник, 10 июня 2025
22 мая 2025, 10:35
Уæллаг Зджыды æмæ Мацутæйы *хсæн фæндаджы уаццагыл цæуынц бæстон куыстытæ

Фидар кæнынц къуылдымтæ, æвæрынц хъахъхъæнæн конструкцитæ, ног кæнынц инфраструктурæ

Уæллаг Зджыды æмæ Мацутæйы *хсæн фæндаджы уаццагыл цæуынц бæстон куыстытæ. Фидар кæнынц къуылдымтæ, æвæрынц хъахъхъæнæн конструкцитæ, ног кæнынц инфраструктурæ. Фæндаг уыдзæн æрмæст æдасдæр нæ, фæлæ ма суыдзæн ног туристон маршруты хай. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц нацпроект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æрæджы дæр ма ацы маршрутыл ацæуын зын уыд, сæ ныфс хастой æрмæст стыр машинæты хицæуттæ. Фæндаг «Транскам – Уæллаг Зджыд – Мацутæ»-йы ацы уаццаг иу кæны Уæлладжыры æмæ Дыгуры кæмттæ. Ныртæккæ кусджытæ зæйтæй тæссаг уаццагтыл æвæрынц сæрмагонд хызтæ. Сæ сæйраг нысан у дурзæйтæй хъахъхъæнын. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм технологи нымад у дунеон стандартыл хæххон фæндæгтæн.

Реконструкци райдыдта 2023-æм азы. Йæ дæргъ у 5 æмæ *рдæг километры. 2 азмæ дзы скодтой зæххы куыстытæ, гидроизоляци, сарæзтой 7 хиды. У ламидæттæй тæссаг уаццаг, уымæ гæсгæ специалисттæ сæххæст кодтой хъæугæ хъахъхъæнæн мадзæлттæ, цæмæй фидæны фæндаг æмæ хидтæ хъыгдард ма баййафой. Кусджытæ ма кæнынц фæндæгты раз сæрмагонд лотоктæ. Æмбырд дзы кæндзæн дон. Хъæутыуылты цы уаццагтæ цæуынц, уым сæвæрдзысты рухсытæ. Арæзтадон организацийы сæйраг инженер Зохъоты Давид куыд загъта, афтæмæй фæндаджы уæлцъар æвæрынмæ кусджытæ хъуамæ бавналой августы.

Транскамæй Мацутæйы онг фæндаджы реконструкцийы ацы уаццаг суыдзæн фыццаг. Цыбыр фæндагæй сбæтдзæн 2 комы, фæхуыздæр кæндзæн транспортон æмæ экономикон бастдзинæдтæ республикæйы районты *хсæн, ратдзæн, ног туристон маршрут сæвæрыны фадат. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц нацпроект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ.

Фæндаджы реконструкци хъуамæ фæуа ацы аз декабры. Фæлæ сæйраг инженеры ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ æххæстгонд цæуынц нысангонд фæткæй тагъддæр. Объект сцæттæ кæнын фæнд кæнынц октябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania