филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:33 суббота, 28 сентября 2024
26 января 2022, 13:15
Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны федералон программæ æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны

Фатертæ æххæстæй цæттæ вæййынц æрцæрынмæ

Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны федералон программæ æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны территорийы. Фатертæ æххæстæй цæттæ вæййынц æрцæрынмæ. Уыимæ ахæм цæрæнуæттæ арæзт цæудзысты дарддæр дæр. Фæлæ ныр регионалон программæ æххæст кæнгæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гæджиты Сослан.

Дзæуджыхъæуы кæрон цæуынц арæзтадон куыстытæ. «Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны» Федералон программæ Цæгат Ирыстоны тынг ахадгæ рауад. Уымæ гæсгæ рахастой уынаффæ, программæ республикон æмвæзады сног кæнын.

Фыццаг къæпхæны уал арæзт цæуынц цыппар фондзуæладзыгон хæдзары. Афтæмæй ныридæгæн бæрæг дары ног микрорайоны хуыз.

Фатертæ дæтдзысты цæттæйæ. Сантехникæ, хицæн хъармгæнæн æмæ афтæ дарддæр. Иу ныхасæй ног цæрджыты уæлæмхасæн куыстытæ кæнын нал хъæудзæн. Аразджытæ стыр æргом аздæхтой хæдзæртты алфамбылай территоримæ.

Арæзтадон куыстытæ цæуынц сейсмикон зонæйы 8 баллмæ гæсгæ. Уымæ гæсгæ пайда кæнынц сæрмагонд технологитæй.

Проектмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн цæрæнуæтты æстай цыппар мин квадратон метры. Фатертæн се рдæг ратдзысты, программæ æххæст кæнгæйæ. Бафидын сын хъæудзæн базары аргъæй дыууын проценты къаддæр. Иннæтæ уæй кæндзысты иннæ æргътæм гæсгæ. Хæдзæрттæ арæзт æрцæудзысты ацы аз, æмæ цæрджытæ æрбынæттон уыдзысты сæ ног фатерты. Пъланмæ гæсгæ хæстæгдæр рæстæг райдайдзæн арæзтадон куыстыты дыккаг къæпхæн. Афтæмæй дыууæ мины дыууын æртыккæгæм азмæ æнæхъæн микрорайон ратдзысты эксплуатацийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania